РЦИ — Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй хъæууон хæдзарады къабазы æппынкъаддæр 15 азы чи кусы, хъæууон хæдзарады уыцы дæсны кусджытæн (уыимæ зæхкусджыты, фермерты хæдзарæдты æмæ наукон-иртасæн кусæндæтты кусджытæн, хъæууонхæдзарæдты куыстадæн фадæттæ саразæг адæмæн) хъæууонхæдзарадон культурты фосдарынады, маргъдарынады æмæ мæры бæркад фылдæр кæныны, стæй паддзахадæн æмæ адæмæн хæрзхъæд хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæныны хъуыддаджы æнтыстдзинæдты тыххæй.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».