Разда́н (сом. Հրազդան [Hrazdán]) у цæугæдон Сомихы, Араксы галиу фæрсагдон (Къуары цæугæдоны бассейн). Цæугæдоныл лæууынц сахартæ Севан, Раздан, Чаренцаван æмæ Сомихы сæйраг сахар Ереван. Раздан æмæ Касахы æхсæн ис хох Араилер, денджызы æмвæзæдæй 2575,9 метр бæрзæнд.

Раздан
сом. Հրազդան
Разданы цæугæдон Ереваны кæроныл
Разданы цæугæдон Ереваны кæроныл
Характеристикæ
Дæргъ 141 км
Бассейн АраксКъуарКъаспы денджыз
Доны хардз 17,9 м³/с
Цæугæдоны цыд
Гуырæн Севан
Донæфтæн Аракс
Ран
Паддзахад Сомих Сомих
Раздан (цæугæдон) (Сомих)
гуырæн
донæфтæн

Географи ивын

Йæ дæргъ у 141 км, бассейны фæз Севаны цады фæзимæ иумæ — 7310 км², Разданы бассейны фæз хицæнæй — 2560 км². Ратæдзы Севаны цадæй йæ цæгат-нуыгуылæн хайы, сахар Севаны цур. Йæ доны сæры цæуы хæххон дæлвæзыл хуссары ’рдæм, Ереванмæ. Йæ дæллаг хайы æрдыгæй цæуы Арарты фæзыл, хауы Араксмæ, Туркимæ арæныл.

Номы этимологи ивын

Разданы цæугæдон

Гæнæн ис æмæ йæ ном у зороастризмимæ баст, уый тыххæй æмæ цалынмæ сомихаг адæм чырыстон дин нæ райстой IV æнусы, уæдмæ сæм уыдис зороастризмы хицæн формæ[1]

Æмрæстæджы Э. Грантовски куыд фыста, уымæ гæсгæ, ахæм этнонимтæ гæнæн ис æмæ фæзындысты Авестæмæ ’нæбардаргæ. Б. В. Техов ацы ном бæтты скифтимæ[2]

Цæугæдоны номыл фыццаг хатт фембæлæн ис рагон сомихаг автортæм, Себеосмæ (формæйы Հուրազդան = Hurazdan) æмæ Мовсес Хоренацимæ (рагондæр формæйы Հրազդան = Hrazdan)[3]

 
Панорамæ. Разданы цæугæдон

Фиппаинæгтæ ивын

  1. J. R. Russell / Zoroastrianism in Armenia / Harvard University Press, 1987 аз — фарс 48
  2. Б. Техов / Скифы и Центральный Кавказ в VII—VI в. до н. э. / Наука, 1980 аз — фарс 14
  3. Г. Хюбшман / Armenische Grammatik / Leipzig, 1897 аз — фарс 61