Рыныкъæф[1][2] кæнæ Ренненкампф Павел Яковы фырт (уырыс. Павел Яковлевич Ренненкампф, нем. Paul Andreas Edler von Rennenkampff; райгуырдис 1790-æм азы 9 мартъийы — амардис 1857-æм азы 8 декабры Бетъырбухы) уыдис Уæрæсейы империйы инæлар Эстляндийы губернæйы немыцаг равзæрды дворянтæй, Хъырымы хæсты архайæг.

Рыныкъæф
нем. Paul Andreas Edler von Rennenkampff
Райгуырды датæ 9 (20) мартъийы 1790
Мæлæты датæ 8 (20) декабры 1857 (67 азы)
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз фистæгæфсад[d]
Хуындад инæлар-лейтенант[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Святого Георгия IV степени за 25 лет выслуги Сыгъдæг Владимиры орден орден Белого орла орден Святой Анны 1-й степени с императорской короной орден Железной короны орден Красного орла Pour le Mérite Намысы легионы ордены кавалер Данеброджы орден орден Льва и Солнца золотое оружие с надписью «За храбрость»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ирыстоны уæлдай зындгонд у уымæн æмæ уый 1830-æм азы бабырста Хуссар Ирмæ, арт бандзæрста Чеселтгомыл. Йæ ныхмæ стыр æхсар равдыстой Хъолайы мæсыг хъахъхъæнджытæ, Коцты Бегайы разамындæй.

Фæстæдæр 1844-æм азы декабры Ренненкампф йæ бынатæй уагъд æрцыдис æмæ йæ зылын кодтой коррупцийы тыххæй. Фæлæ фæстæдæр уый ногæй бахъуыди империйы Венгриаг кампани æмæ Хъырымы хæсты, йæ цинтæ йын фæстæмæ радтой æмæ ма цалдæр азы дæргъы фæслужбæ кодта. Амардис 67-аздзыдæй.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Нафи. Æхсар, хорз лæг! Журнал «Мах дуг», 2006 аз, №8, 27-æм фарс
  2. Бицъоты Гриш. Кæй нæ ныффыстон, уыцы чиныг. Журнал «Мах дуг», 2009, №9, 106-æм фарс