Сæрмæтизм хуындис Польшæйаг шляхтæйы идеологи, кæцы рапарахат ис XVI-XIX æнусты историк Ян Длугошы идейæтæй. Уыцы идеологимæ гæсгæ польшæйаг шляхтæ равзæрдис рагон сæрмæттæй, уымæй радих кæнгæйæ шляхтæйæгты сæ дæлбар славяйнаг æмæ литоваг зæхкусджытæй.

Гетман Ян Замойскийы «сæрмæтаг портрет»
Польшæйаг гусары гæрзтæ, сæрмæтаг катафракты стилы

Сæрмæтизмы ахосæй Польшæйы уæздæттæ хицæн кодтой ныгуылæн-европæйаг аристократийæ — сæ дарæс æмæ сæ хи дарыны æгъдау æндæрхуызон уыдис.

Сæрмæтизм йæ тæваг дардта аивадмæ дæр — фæзындис «сæрмæтаг портрет», «сæрмæтаг архитектурæ» æмæ литературæ.

Æддаг æрмæг ивын