Сæрмæттæ (рагон грекъ. Σαρμάται, лат. Sarmatae) уыдысты ирайнаг æвзагыл дзурæг цæугæцардгæнæг знæмтæ, скифаг культурæтæй иу, ирон адæмы рагфыдæлтæ.

Бæрæг сæрмæттаг знæмты ’хсæн уыдысты: аорстæ, языгтæ, сирактæ, алантæ, роксолантæ.

Геродотмæ гæсгæ нæ эрæйы агъоммæ V æнусы сæрмæттæ цардысты Донæй скæсæнырдæм. Рагон грекъаг автортæ дис кодтой, сæрмæтаг устытæ хæцынхъом кæй уыдысты, ууыл.

Иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ гунты бабырсты фæстæ рагастæузаманы сæрмæтты стыр хай славяйнаг культурæ æмæ æвзаг райстой[1]. Сæрмæттæм чи бавæййы, ахæм иу къорд — ома алантæ — баззадис Цæгат Кавказмæ ’ввахс быдырты æмæ дзы сарæзтой Аланийы паддзахад[2].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Slovene Studies. 9–11. Society for Slovene Studies. 1987. p. 36. (..) For example, the ancient Scythians, Sarmatians (amongst others), and many other attested but now extinct peoples were assimilated in the course of history by Proto-Slavs.
  2. Minahan, James (2000). "Ossetians". One Europe, Many Nations: A Historical Dictionary of European National Groups. Praeger security international. Westport, Connecticut: Greenwood Publishing Group. p. 518. ISBN 9780313309847. Retrieved 27 March 2020. The Ossetians, calling [...] their homeland Iryston, are the most northerly of the Iranian peoples. [...] They are descended from a division of Sarmatians, the Alans, who were pushed out of the Terek River lowlands and into the Caucasus foothills by invading Huns in the fourth century A.D.

Литературæ

ивын