Сактæ
Сактæ (рагон перс. Sakā, рагон грекъ. Σάκαι, лат. Sacae) уыдысты рагон цæугæцарæг знæмтæ, чи цæрдысты нырыккон Астæуккаг Азийы æмæ дзырдтой скифаг æвзаджы скæсæйнаг диалекттыл. Сæ ном цæуы скифаг ныхасæй Saka, кæцы нысæн кæны «саг» нырыккон ирон æвзаджы.
Сакты къордтæ
ивынРагон персайнаг фыстæджытæ сакты дих кæнынц цыппар къорды:
- сактæ-хаомаваргæ, "хаома-æхсидгæ" — цæрдысты цæугæдон Мургабы тæрфы, Геродот æмæ ’ндæр антикон автортæ хуыдтой сæ «амюргитæ».
- сактæ-тиграхауда, "цыргъхудтæ" — цæрдысты Тянь-Шаны хæххты цур, æрæх сæ æмхуызон кæнынц антикон авторты массагеттимæ.
- сактæ-парадарайя, "фæсденджызы цæрджытæ".
- сактæ-парасугудам, "фæссогъдиагтæ", "Согъды фæстæ чи цæрынц" — цæрдысты Аралы денджызы бассейны, Сырдарья æмæ Амударьяйы тæрфы.