Скифи
Скифи (рагон грекъ. Σκυθία) уыдис Евразийы хай, нæ эрæйы агъоммæ VIII æнусæй нæ эрæйы II æнусы онг скифты бæстæ.
Скифты æхсæнады тыххæй фылдæр информаци ссарæн ис Геродоты куыстыты. Иуæй-иу рагон автортæ Скифи, зæгъгæ, уыцы терминæй географион хуызы пайда кодтой — ома, Сау денджызы цæгатырдæм быдыр æмæ йæ фæсте цыдæриддæр ис, уый дæр.