Сакъитæ
Равзæрд
ивынСакъитæ, Зуратæ æмæ Гагозтæ сæхи хонынц Хорцетæй, кæрæдзийы нымайынц хæстæг æфсымæртыл. Сæ фыд Хорце раздæр цард Кæсæджы, Малхъы доны был. Уырдыгæй йæ цæрæнбынат раивта Дыгургоммæ, Æхсæуыхъæумæ. Ам ын райгуырд цыппар фырты: Сакъи, Зура, Есе æмæ Гагоз. Есе алыгъд Мæздæгмæ, иннæ æфсымæртæ баззадысты Æхсæуы. Сæ фыды амæлæты фæстæ байуæрстой æмæ сæхи нæмттæм гæсгæ схуыдтой сæ мыггæгтæ: Сакъитæ, Зуратæ æмæ Гагозтæ. Уыдон дæр Æхсæуы бирæ нæ фæцардысты, алыгъдысты Мæздæгмæ. Зурайæн уыд дыууæ фырты: Омар æмæ Налухъ. Налухъы, дам, йæ мад ныййардта хуым кæрдгæйæ мæкъуылы рæбын æмæ, дам, куы сыстыр, уæддæр æм дзырдтой «Бæкъуæл» (дыгуронау Мæкъуыл), æмæ афтæмæй сæ мыггаг ссис Бæкъуæлтæй.[1]
Зындгонд адæм
ивын- Сакъиты Эльбрус, Борисы фырт — газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 135.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 106.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 78–79.