Санахъоты Мате
Санахъоты Къыбылы фырт Мате[1] (уырыс. Санакоев Матвей; райгуырдис 1886-æм азы Дзауы — амардис 1937-æм азы) уыдис Ирыстоны революцион архайæг, Хуссар Ирыстоны 1918–1920 азты хæсты æмæ революцийы ахсджиагдæр хайадисæг, Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы прокуроры хæдивæг 1923–1925 азты, большевикон партийы уæнг.
Цардафыст
ивынСанахъоты Мате райгуырдис Дзауы 1886 азы, каст фæци дины скъола. 1907-æм азы бацыдис службæ кæнынмæ паддзахы æфсадмæ — фыццаг гренадерон полкъмæ. Уый фæстæ йæ арвыстой ахуырмæ хæстон ахуырдонмæ, æмæ йæ каст куы куы фæцис, уæд ын радтой прапорщикы цин (чин). 1914-æм азы, Фыццаг Дунеон хæст куы райдыдта, уæд æй рарвыстой йæ Хуссар-Ныгуылæн фронтмæ.
1917-æм азмæ дæс азы дæргъы службæ кодта паддзахы æфсады, уыдис Георгийы дзуары ордены æххæст кавалер, Сыгъдæг Аннæйы Ордены II æмæ III къæпхæны кавалер, Сыгъдæг Станиславы Ордены II æмæ III къæпхæны кавалер, Сыгъдæг Владимиры ордены IV къæпхæны кавалер.
1917-æм азы æрыздæхтис йæ мадæлон зæхмæ æмæ райдыдта революцион куыст кæнын. 1918-æм азы майы сси большевистон партийы уæнг. Хайад иста Душеты растады æмæ Хуссар Ирыстоны растады.
1919-æм азы рарвыстой йæ Цæгат Ирыстонмæ разведкæ кæнынмæ. Хайад иста цалдæр Цæгат Ирыстоны большевикты æмбырдты.
1920-æм азы Мате æмæ хуссарирыстойнаг большевиктæ райстой горæт Алагир, æмæ уымæй райдыдтой урс гвардийы фарслæууæг ирæтты æмæ Деникины æфсады ныхмæ хæцын, ныббырстой суанг Беслæн æмæ Ольгинскæйы онг, æмæ, «мæхъхъæлы ныхмæ ирæтты чи ардыдта, уыцы кулактæн сæ провокацитæ ныууадзын бафæдзæхстой».
Майы мæйы Мате æмæ йе ’фсад раздæхтысты Хуссар Ирыстонмæ, гуырдзиæгтæ цы æфсад рарвыстой советон ирæтты ныхмæ, уыимæ хæцынмæ. Бирæ тохты фæстæ бæрæг сси, гуырдзыйы æфсад нымæцæй дæр æмæ, хæцæнгарзæй ифтонг куыд уыдис, уымæй дæр дзæвгар тыхджындæр уыдис, æмæ Ирыстонæн уыцы хæсты ницы хуызы фæуæлахиз уæвæн ис. Уæд Мате æрымысыд диверсион атакæтæ Гуырдзыстоны территоримæ кæнын: æнæнхъæлæджы Гур æрцахсын, Гуырдзыстоны æфсæнфæндаг æмæ æфсæнфæндаджы хидтæ халын, сæ логистикæ пырх кæнын. Уыцы пълантæ сæххæст кæнын йæ бон нæ бацис, уымæн æмæ большевикты раздзогтæ Дзаттиаты Алыксандр æмæ Гæдиаты Никъала йын æй фæивар кодтой, Советон Уæрæсейæ æххуысмæ æнхъæлмæ кæнгæйæ. Уый фæстæ гуырдзиаг тыхтæ фæуæлахиз сты æмæ 1920-æм азы Хуссар Ирыстонæн сарæзтой геноцид. Ирон большевикты æфсæдтæ æмæ лигъдæтты дæсгай минтæ араст сты Цæгат Ирыстонмæ.
Революцийы фæстæ, Советон Уæрæсе Гуырдзыстон куы баиу кодта æмæ Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ йæ сконды куы саразта, уæд бирæ ахсджиаг бынæттæ йæ хицауады ахста, се хсæн прокуроры хæдвиваджы пост æмæ хæстон комиссары бынат. Бирæ хæттыты-иу фарст æвæрдта дыууæ Ирыстоны баиу кæныны тыххæй.
1937-æм азы, Сталины репресситы рæстæджы, Советон хицауад æй æрцахстой æмæ фехстой, цыдис ыл 51 азы. Зылын æй кодтой «контреволюцион æхсæнад» саразынæй.
1956-æм азы æрцыд реабилитацигонд.
Аивады
ивынСанахъоты Матейы фæлгонц ирон сценæйыл æххæст кæны Мамиты Григорий спектакль «Фæстаг æвдисæн»-ы[2].
Æрвитæнтæ
ивынЛитературæ
ивын- Плиты Гацыр. Мæлæм! Уæд лæугæйæ. — Цхинвал, 2020. (чиныджы тыххæй)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1905-1907 азты Революцийы æмæ Хуссар Ирыстоны мидæг 1918-1921 мидхæсты хайадисджыты мысинæгтæ, Сталинир — 1960
- ↑ https://sputnik-ossetia.com/20220104/mamity-grigoriy-sanakhoty-mate-uyd-20-am-azy-khasty-sayrag-khaytar--15054538.html