Сантæ-Катаринæ (порт. Santa Catarina [ˈsɐ̃ta kataˈɾina]) у штат Бразилийы хуссары. Цæрыны стандарттæ дзы сты бæстæйы бæрзонддæртæй иу. Штаты сæйраг сахар у Флорианополис, уый лæууы Сантæ-Катаринæйы сакъадахыл. Сыхагон штаттæ сты Риу-Гранди-ду-Сул хуссары æмæ Парана цæгаты. Штаты скæсæны арæн у Атлантикон фурды был, ныгуылæны та — Аргентинæйы провинци Мисьонес.

Штат
Сантæ-Катаринæ
порт. Santa Catarina
Тырыса Герб
Тырыса Герб
27°18′ ю. ш. 50°30′ з. д.HGЯO
Паддзахад Бразили Бразили
Кæй сконды у Бразилийы Хуссар регион
Админ. центр Флорианополис
Сæргълæууæг Carlos Moisés da Silva[d]
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1889
Фæзуат
Сахатон таг UTC-3
Стырдæр сахартæ Жоинвили, Флорианополис, Блуменау
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 BR-SC
Официалон сайт(порт.)
Сантæ-Катаринæ картæйыл
Сантæ-Катаринæ картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй фылдæр сты, Португали, Герман æмæ Италийæ чи æрбалыгъдысты, уыцы адæмы фæдонтæ. Гермайнаг тæваг Сантæ-Катаринæйы у цæстуынгæ. Гермайнагау хуынд сахар Блуменауы æрвылаз бæрæг кæнынц Октоберфест — æмæ, дам, у дунейы дыккаг стырдæр ахæм фестиваль.

2008-æм азы барæггæнæнтæм гæсгæ, штаты цæрынц 6,1 милуан адæймаджы (61,53 алы квадратон километры), сæ нымæц рæзы. Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй сæ фылдæр (82,5%) цæрынц сахарты. Сæ расæмæ гæсгæ 86,6% сты урс, 9,4% — пардо («морæхуыз»), 3,6% — сау[3].

Фиппаинæгтæ ивын