Сарат
Сарат[1] кæнæ æвзисты нитрат (уырыс. Нитрат серебра, ляпис[2]) у буаргъæд, æвзист æмæ азоты туагады цæхх.
Ирон хос
ивынХъæдгомыл ма æвæрдтой сарат. Уый йын калдта йе ’взæр фыд, хæлдта йæ. Уымæ гæсгæ ма йæ хуыдгой хæлæнхос дæр. «Хъæдгом мæнггас куы кæна, уæд ыл хатт сарат кæнын бахъæуы». Саратæй ма пайда кодтой стæгхъæнтæ сыгъдæг кæнынæн дæр, уый йын калдта йæ цъæлфыд.[2]
Географи
ивынДзырд «сарат» æмбæлы куыд бынаты ном, афтæ Цæгат Ирыстоны Хъобангомы — Сараты хъæд. Æмбæлы ма Чермены зарæджы варианттæй иуы: «Сараты хъæд залымджын, сыфджын. Æдылы Тлатты Чермен скодта галджын æмæ фысджын». Зарæджы ныхæстæм гæсгæ, сарат уыд цавæрдæр минерал, кæнæ кæрдæджы ном, уый арæх уыд, Сараты хъæд кæй хуыдтой, уым.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.