Сарахъатæ[1] (уырыс. Саракаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаджы хистæртæ куыд дзурынц, афтæмæй сæ рагфыдæлтæ Дыгуры коммæ Асыйæ æрбафтыдысты. Сæхицæн хæстæг æрвадæлтыл нымайынц Цæрикъатæ æмæ Дадтеты, фæлæ цæмæн хæстæг æййафынц æртæ мыггаджы кæрæдзийæн, уый таурæгъгæнджытæ нæ зонынц. Ацы дыууæ мыггаджы цардысты Æхсæуы, фæстагмæ Дадтетæ фæлыгъдысты Къуссумæ, Цæрикъатæ та — Цыколамæ. Сарахъатæй Асыйæ чи æрбалыгъд, уый ном дæр ничи зоны. Сарахъаты мыггагæй дæр бирæтæ фæлыгъдысты — чи Сечермæ, чи — Цыколамæ, чи — Сырх Дыгурмæ. Æхсæуы дæр ма дзы баззад.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.