Саукъодахджын
Саукъодахджын у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Саукъодахджыны хъæу ис Æрдзынарæджы сæрмæ.
Хъæу | |
Саукъодахджын | |
---|---|
42°15′12″ с. ш. 44°15′10″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Хуссар Ирыстон |
Район | Цхинвалы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
|
Мыггæгтæ
ивынЦардысты дзы Дудайтæ.[1] Æрбалыгъдысты Мериайæ, зæхх цух кæй уыдысты, уый тыххæй. Тар хъæд басыгътой, скалдтой йын йæ сыгъд cay къодæхтæ, сарæзтой дардыл уæрæх хуымзæххытæ. Мериайы чысыл хуымтæ та сын фос хизæн сæрвæттæн баззадысты. Сау къодæхты номæй хъæу рахуыдтой Саукъодахджын.
Кувынц æмæ табу кæнынц сыгъдæг зæд Усанетæн. Йæ боны фæкæнынц стыр куывдтæ, æрхонынц Бендер æмæ Æрдзынарæджы цæрджыты.[2]
Топонимтæ
ивынСаукъодахджыны ис ахæм микротопонимтæ: Худисæн, Цъыфдзаст Суадон, Мады Майрæмы фæндаг, Бирæгъзæнг, Хуырджын фæндаг, Дзуары хъæд æмæ æндæртæ.[2]