Дудайтæ (уырыс. Дудаевы, гуырдз. დუდაშვილი) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Дудайты мыггаг равзæрд Дудиаты мыггагæй. Дыууæ мыггагæй бирæтæ ацы хъуыдыйыл разы не ’сты. Фæлæ ма абон дæр Дудайтæй чындзы чи ацæуы, уымæ фæдзурынц Дудаон нæ, фæлæ Дудиан. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ фыццаг мыггаг Дудиатæ кæй уыд. Дудиатæ цардысты Уæлладжыры комы. Иуахæмы Дудиатæй дыууæ æфсымæрæн сæ хойы аскъæфтой Хъарадзаутæй чидæртæ. Æфсымæртæ æскъæфджыты асырдтой, амардтой скъæфæджы æмæ сæ хойы ракодтой. Кæй фæтуджджын сты, уый тыххæй алыгъдысты Хуссар Ирмæ, æрцардысты Урстуалты, фæлæ уым дæр тарстысты сæ туджджынтæй, æввахс сæм кæй уыдысты, уый тыххæй æмæ алыгъдысты Гыццыл Леуахийы коммæ, æрбынат кодтой Цъипоры хъæуы. Ацы хъæуы цардысты Туатæ. Ам сын хизæнуæттæ кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй алыгъдысты Мерийы хохы хуссар фарсмæ. Куыд фылдæр кодтой, афтæ лыгъдысты Медзыдайы комы æндæр æмæ æндæр хъæутæм: Махис, Бихъар, Саукъодахджын, Гомтæ æмæ а.д.

Дудайтæ ма цæрынц Цхинвалмæ æввахс хъæу Дменисы дæр. 1920 азы гуырдзиаг меньшевикты Хуссар Ирмæ æрбабырсты рæстæджы Махисы Дудайтæй бирæтæ алыгъдысты Цæгат Ирмæ. 1952-æм азы та æрцæрын кодтой раздæр мæхъæл кæм цардысты, уырдæм. Ам цардысты къухæй дæснытæ Дудайты Чъебо, Зено, Цикъуын. Уыдон арæзтой дурæй цыртытæ, хъæдæрмæгæй та — алыхуызон мигæнæнтæ. Дудайтæн æрвадæлтæ ис Кæсæджы, зонынц, сæ фыдæлтæ ирæттæ кæй уыдысты, уый. Дудайтæ ис Цæцæн æмæ Мæхъхъæлы дæр.

Дудайтæ, Дудиатæ æмæ Хохатæ нымад сты хæрз æрвадæлтыл, се ’хсæн чызг куырд нæ цæуы.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Таурæгъ ныммыхуыр кодта Дудайты Михаил газет «Рæстдзинад»-ы, 1997 азы, 9 июлы.

Литературæ ивын

  • Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 78–79.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 63–64.