Саулохтæ (уырыс. Саулоховы, Шавлоховы, гуырдз. საულოხოშვილი, შავლოხოშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Таурæгъмæ гæсгæ, мыггаджы фыдæл Саулох цард Цæгат Иры Куырттаты комы. Уым лæг амардта æмæ алыгъд Хуссар Ирмæ. Ам æрцард Уанелмæ æввахс Дзидздзойты хъæуы — Стыр Леуахийы комы. Дзидздзойтæ Саулохы хорз суазæг кодтой, ссис се ’рдхорд, уымæ гæсгæ фæстæдæр Саулохтæ æмæ Дзидздзойтæ сæхи æрвадæлтæ хуыдтой. Цардысты хæларæй, дардтой хорз бæхтæ. Иухатт бæхтæ кæрæдзийы атардтой æмæ Дзидздзойты бæхтæй иу былæй ахауд. Уый фæстæ Саулох сфæнд кодта ардыгæй алидзын, йæ фæндон загъта Дзидздзойтæн æмæ алыгъд Згъубирмæ. Уым хъæуæн йæ рахиз фарс æрцард, фæстагмæ дзы фæзынд Саулохтыхъæу. Саулохы агъоммæ ам цардысты Калмантæ, фæлæ Тырсыгоммæ алыгъдысты.

Дзидздзойтæм уыд иу æнæзæнæг бинонтæ. Уыдон ысхастой кæнгæ лæппу. Лæппу хуынд Хæныг. Лæппу куы байрæзт, уæд бахаудта Згъубирмæ. Бæстæ йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ ам æрцард, æркодта бинонтæ, рацыд ын зæнæг. Цот райстой мыггаг сæ фыды номæй — Хæныкъатæ. Хæныкъатæ се ’рвадæлтыл нымайынц Дзидздзойтæ æмæ Саулохты, фæлæ Саулохтæ æмæ Хæныкъаты ’хсæн чызг куырд æрцыд. Саулохтæ уæздан мыггагыл нымад уыдысты, æмæ-иу æндæр мыггæгтæ дæр сæхи Саулохтыл ныффыстой, кæд сын тугæй хæстæг нæ уыдысты, уæддæр. Саулохтæй бирæтæ алыгъд Гуры районмæ Гуырдзыстонмæ æмæ сæхи гуырдзиаг здæхт — Саулохашвилитæ ныффыстой. Згъубиры Саулохтæ уыдысты дыууæ фыдыфырты: Уарихъатæ æмæ Хуымпæгтæ.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Саулохты Хъырымы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Гаглойты З., Цхинвалы, 1988 азы.

Литературæ ивын