Сахдагъ кæнæ Шахдаг (азерб. Şahdağ) — Стыр Кавказы скæсæны хайыл хохы цъупп, Фæрсаг рæгъы. Ис Азербайджаны.

Сахдагъ
азерб. Şahdağ
Хохы уынд
Кæм ис Азербайджан
Хохы системæ Стыр Кавказ
Рагъ Фæрсаг рагъ
Цъуппы бæрзæнд 4243 м
Фыццаг сцыд Андрей Пастухов, 1892
Сахдагъ (Азербайджан)
Сахдагъ
Категори ВикиКъæбицы

Этимологи ивын

Топоним Шахдагæн ис тюркаг-персайнаг равзæрд, перс. «сах»-æй (паддзах) æмæ тюрк. «дагъ»-æй (хох)[1].

Афыст ивын

Тарбур Шахдаг æнæ митын бæрзæндтæй у стыр галуаны хуызæн, йæ æрдзы скондæй-иу адæмы дисы баппары. Фылдæр у арæзт чъырдурæй æмæ доломиттæй, йæ бæрзæнд у 4243 метры бæрц. Йæ ландшафт конд у ихдæттæй, æхсæрдзæнтæй æмæ уæлхохаг фæзтæй. Шахдагы массивы ныгуылæны ’рдыгæй, айнæджыты ’хсæн 3700-3800 метрмæ æввахс бæрзæндыл уæвынц дыууæ цады. Фæндаг сæм цæуы Шахдагы ныгуылæны «кулдуары» ууылты. Уыцы уынгæг комыл тæдзы Шахнабады цæугæдæтты фæрсагдæттæй иу. Уыцы ’рдыгæй Шахдаг тынг хæлы дымгæ ’мæ къæвд цы эрози фæзынын кæнынц, уый тыххæй. 3700 м уæлдæр бæрзæнддыл ис ихдæттæ. Ихдæтты фæз фæстаг дæс азы къаддæр кæны. Ныры уысммæ йæ фæз у 1.1 км². Æнусон салд райдайы 2500—2600 м бæрзæндыл.

Хæрдмæцыдты истори ивын

 
БВОКУ-йы курсанттæ хохы цъуппыл, 1968-æм аз

Зымæджы дзы вæййы ныллæг температурæтæ, арæх æрхауынц минус 20 градусæй дæлдæр Цельсимæ гæсгæ, уый тыххæй сæдæ метры айас æхсæрдзæнтæ ныих вæййынц æмæ дзы фесты дынджыр ихон къуыбæрттæ. Уыдоныл-иу схизынц уæлæмæ. Фыццаг хатт хохмæ схызт Андрей Пастухов 1892-æм азы Шахдагы комæй. Алы аз дæр 1935-æм азæй 1968-æм азы онг Шахдагы цъуппмæ хызтис Бакуыйы фистæгæфсæддон училищæйы курсантты ротæ[2]. 1966-æм азы — О. Дроздовский, 1993-æм азы — Д. П. Шиянов схызтысты цæгæтаг-скæсæны сисы асасты ууылты. Æрвыл аз хохы цъуппмæ фæхизынц бынæттон альпинисттæ.

Цымыдисаг факттæ ивын

  • 2012-æм азы Шахдагмæ ’ввахс бакондæуыд Шахдагы зымæгон-сæрдыгон туристты комплекс.

Топографион картатæ ивын

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын