Силистрæ
Сили́стрæ (болг. Силистра), историон нæмттæ сты: Доросто́л, Дристр (болг. Дръстър [ˈdrəstər]), Дуростор (лат. Durostorum) у цæугæдоны порт Болгарийы цæгат-хурыскæсæны, Дунайы былгæрон. Силистрæйы цур аразын байдыдтой Дунайы сæрты ног хид Румынимæ (уый уыдзæн æртыккаг хид Болгари æмæ Румынийы ’хсæн, уый тыххæй хуыйны Дунайы хид III, болг. Дунав Мост III).
Сахар | |||||
Силистрæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
болг. Силистра | |||||
|
|||||
44°07′ с. ш. 27°16′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Болгари | ||||
Облæст | Силистрæйы облæст | ||||
Хъæубæстæ | Силистрæ | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Раздæры нæмттæ | Дуросторум, Дырыстыр | ||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | UTC+2:00, сæрды UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ |
|
||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +359 86 | ||||
Посты индекстæ | 7500 | ||||
Автомобилон код | СС | ||||
silistra.bg | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Силистрæйы бынаты лæууыд рагон ромаг сахар Дуросторум (бындурæвæрд 29-æм азы), Мёзийы провинцийы сæйраг сахар.
X æнусы уыцы сахар уыд уырыссаг историйы ахсджиаг цауты бынат дæр. 969-æм азы Дрыстыр (Сислистрæйы уæды ном) байстой Киевы кънйаз Святославы ’фсад. Фæстæдæр, 972-æм азы, Святослав Силистрæйы хæцыдис византиаг императоры ныхмæ.
XIX æнусы та, 1854-æм азы, уæрæсейаг æфсæдтæ, сæ сæргъы фельдмаршал Паскевич-Ереванский, афтæмæй æрхъула кодтой Силистрæйы фидар. Уыцы ’фсады уыд уырыссаг фыссæг Лев Толстой.
1913-æм азы, Дыккаг Балкайнаг хæсты фæстиуæгæн, Силистрæ бацыдис Румынийы скондмæ. Æрмæст 1940-æм азы Болгарийæн бантыст сахар æмæ йæ алфамбылай зæххытæ фæстæмæ йæхицæн райсын.
Æддаг æрмæг
ивын- Силистрæйы хъæубæстæйы официалон сайт (болг.), (англ.)
- Цæрджыты статистикæ (болг.)