Сирнад у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Гуыркъуымтыкомы. Ныртæккæ Сирнад æдзæрæг у.

ИсториИвын

Сындзысæрæй чысыл бæрзонддæр Сирнаты цардысты Дзанайтæ. Хурæй æфсæст, зæй, дон, ныббырсæг æмæ знагæй æдас. Хæхты бæрзонд хизæнтæ сæ бар. Хуымзæхх гыццыл, кадавар. Ацы хъæу канд Нары кæмтты нæ, фæлæ Туалгомы æппæт хъæутæй дæр, æвæццæгæн, у бæрзонддæр. Чындзæхсæвты далалойы зарæгæн йæ райдайæн хуымæтæджы нæ уыди ацы хъæуæй: — «Ой даи далало, дам — æппæты сæр Сирнат. Ой, даи дадало, дам, сæ хор æрцыд сирваг».[1]

МыггæгтæИвын

Цардысты дзы Дзанайтæ.[2]

ФиппаинæгтæИвын

  1. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 115.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 244 ф.

ЛитературæИвын