Ситохаты Саламджери

Ситохаты Алыксандры фырт Саламджери (райгуырдис 1934-æм азы Цæгат Ирыстоны Нартыхъæуы) у ирон поэт.

Цардафыст ивын

Ситохаты Саламджери райгуырди Нартыхъæуы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ куыста дикторæй Цæгат Ирыстоны радиокомитеты, Цæгат Ирыстоны куклаты театры администраторæй, Æрхонкæйы станицæйы культурæйы хæдзары директорæй. 1962 азæй нырмæ у Горæтгæрон районы радиойы уацхæссæг æмæ организатор.

Фыссы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, пьесæтæ. У къорд чиныджы автор. Йæ поэтикон уацмыстæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1989 азы, «Хъарм ныхæстæ», зæгъгæ, ахæм номимæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012