Скæсæн (хъæу)
Скæсæн у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ныртæккæ æдзæрæг у.
Хъæу
Скæсæн
|
ИсториИвын
Семсайæ фæндаг дарддæр цæуы Гуыркъуымты комы доны былтыл хуымты æмæ фосхизæнты ’хсæнты. Куыд фалæмæ фæндаг йæхи исы уæлдæрæй-уæлдæр æмæ куы иу, куы иннæ хъæуы рæзты, доны рахиз-бахизгæнгæйæ, цæуы размæ — Лйамæ.
Скæсæны фидар къæдзæхы риуыл Дзидаханты бæрзонд мæсыджы фарсмæ æркъахыртæ сты хæдзæртты систæ. Ам цардысты Дзидахантæ æмæ Дзапартæ: ныр дзы цæрæг нал ис.[1]
МыггæгтæИвын
Цардысты дзы Дзапартæ, Дзидахантæ.[2]