Созæтæ[1] (уырыс. Созиевы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Созæты фыдæлтæ фондз æфсымæры уыдысты Æндудтатæй. Цардысты Дæллаг Уыналы. Уырдыгæй алыгъдысты, ныр Цъамад кæм ис, уырдæм. Æфсымæртæ Созæ æмæ Кæсæби, стæй Уырым, Пага, Тотыкк уырдыгæй фæйнæрдæм фæлыгъдысты, фæлæ æрвадиуæг кæнынц абоны онг дæр. Æндудтайæ нырмæ цы фæлтæртæ рацыд, уыдон сты: Æндудта — Созæ — Хъази — Хъарадзау — Майрæм — Адзæба — Петр. Таурæгъмæ гæсгæ, Созæтæ æмæ Созайтæ æндæр æмæ æндæр мыггæгтæ сты. Созæтæ (Созиевы) цардысты Уæлладжыры комы; Созайтæ (Созаевы) сты Сындзыхъæуæй.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.