Сунжæ (цæугæдон)
Сунжæ (уырыс. Сунжа; мæхъхъ. Шолжа-хий; цæц. Соьлжа) у Цæгат Кавказы цæугæдон, Терчы рахиз фæрсагдон. Йæ даргъ у 278 км, бассейны фæзуат — 12 200 км². Кæлы Цæцæн, Мæхъхъæл æмæ Цæгат Ирыстоны. Сунжæйы ахсджиагдæр фæрсагдæттæй иу у Ессæ.
Сунжæ | |
---|---|
уырыс. Сунжа мæхъхъ. Шолжа-хий цæц. Соьлжа | |
Сунжæ Грознайы | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 278 км |
Бассейны фæзуат | 12 200 км² |
Цæугæдæтты бассейн | Терк |
Доны хардз | 82,9 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Цæгат Ирыстон |
Донæфтæн | Терк |
Ран | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Регион | Цæгат Ирыстон, Мæхъхъæл, Цæцæн |
Сунжæйы былтыл æрбынат кодтой Назрань, Карабулак, Грозна æмæ Гудермес.