Таранджелозы кувæндон
Таранджелозы кувæндон, адæмы куыд уырныд, сырæзтис Хуыцау Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй. Уæлдай кадджындæр у Тырсыйы æмæ Тибы. Таранджелозы кувæндон ис Тырсыгомы Четойтыхъæумæ ’ввахс. Йæ бæрæгбон йын фæкæнынц Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны.
Таранджелозы кувæндон | |
---|---|
Картæ | |
Кувæндоны равзæрд
ивынНарты хъæбатыртæй иу Батрадз — куы фæмард, уæд Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон кæм æрхаудысты, уым арæзт æрцыд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыр æмæ Таранджелоз. Таранджелоз у хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы, хохы сæр.
Бæрæгбон
ивынАлы аз дæр майы мæйы Тырсыгомы Таранджелозы номыл кодтой бæрæгбæттæ. Амы цæрджытæм уыдис уæлдай кадджын, нымадтой йæ комы дзуарыл. Йæ кувæндон ис бæрзонд хохы сæр, Четойты хъæумæ ’ввахс. Дзуары бынмæ иу æрæмбырд сты Тырсыгомы цæрджытæ, стæй Тырсыгомæй æндæр кæмттæм алидзæг адæм, аргæвстой иу цалдæр уæрыччы æмæ бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæстæ табугæнгæйæ, Таранджелозæй куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, дзаджджын кæрдæг, æнæниздзинад æмæ амонд кувæг адæмæн сæхицæн, æмæ сæ байзæддæггæн фидæны, фосы бахъахъхъæна алыхуызон низтæй.
Таранджелозæн табу кодтой Ирыстоны иуæй-иу æндæр рæтты дæр, зæгъæм: Тиб (Мамысонгом) æмæ Ерманы хъæубæстæ (Хуссар Ирыстон).
Литературæ
ивын- Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.
- Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.