Татев (моладзандон)

Татевы моладзандон (сом. Տաթևի վանք) — сомихаг моладзандон комплекс IX-æм æнусы кæроны—X-æм æнуcы райдианы Сюничы бæстæйы Сомихы, сахар Горисæй 20 км дарддæр. Сæдæ æзты дæргъы уыдис Сюничы дины центр[1]. Моладзандон у стыр туристон комплексы хай, кæцы ма конд у Татевы æдзæрæгранæй, канатон фæндагæй «Татевы базыртæ», æрдзон хид, Сатани Камурджы лæгæт æмæ бирæ æндæр фентæгтæ.

Татевы моладзандон

Моладзандоны реставраци, йæ ахуырадон нысаниуæг æмæ царды сæндидзæн – уыдон сты «Татевы сæндидзæны» программæйы сæйраг нысæнттæ, се ’хсæн канатон фæндаг «Татевы базыртæ» дæр.

Истори

ивын
 

Татевы моладзандонæн 895-906-æм æзты бындур сæвæрдтой Сюничы сюзерентæ Ашот æмæ йæ бинойнаг Шушан, уыдонимæ ма Гегаркуничы æлдар Григор Супан II æмæ æлдар Балка Дзагик.

X-æм æнусы дзы цардис минмæ ’ввахс адæймаджы. XIII-æм æнусы моладзандон æмбырд кодта хъалон 608 алфамбылай хъæутæй.

Моладзандон уыдис астæузаманы зонадоны æмæ рухсады ахсджиаг центрæй сæ иу. Тамерланы бабырст цы раууат æрхаста XIV-æм—XVæм æнусты, уымæ ’нæгæсгæ Татевæ ныууагъта стыр феодалон центры ном[2]. 1373-æм азы дзы Ованес Воротнеци сæвæрдта Татевы университеты бындур, кæцы æрдæг æнусы дæргъы уыд иунæ кусаг университет Скæсæн Сомихы[3]. Университетимæ иумæ ма парахат кодта Татевы скъолайы миниатюрæ.

1435-æм азы моладзандон басыгъдта Шахрухы бæхæфсад, Тимуры кæстæр фырт æмæ фæдон.

1921-æм азы 27 апрелы моладзандоны съезды расидын кодтой Хæххон Сомихы Республикæ.

Моладзандон тынг фехæлд 1931-æм азы зæххæнкъуысты. Нырыккон рæстæджы йæ территорийыл цæуы реставраци æмæ рацаразæны куыстытæ. Моладзандон æрбацæуæгтæн гом у æнæ арæнæвæрдтæй.

Номы этимологи

ивын

Моладзандоны номы фæзындыл ис дыууæ версийы. Иумæ гæсгæ, «Татев» сомихагæй тæлмац кæны куыд «Раддзæн базыртæ». Дзурынц ма, æмæ амайæг куыст куы фæцис, уæд слæууыд комы былыл, йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта æмæ загъта: «Огни, Сурб, та тэв» («Сыгъдæг дзуар нын базыртæ куыд радта!»), — æмæ йæхи аппæрста былæй. Амайæгыл разадис базыртæ æмæ атахтис. Цы моладзандон самадта, уый та схуыдтой Татаев.

Дыккаг верси баст у сыгъдæг Евстатеосы (Евстафийы) номимæ, апостол Фаддейы ахуыргæнинагимæ, кæцы амыдта дин Сомихы.

Сæйраг амæдтытæ

ивын
 
Татевы моладзандон
  • Аргъуан Сурб Погос-Петрос кæнæ сыгъдæг апостолты Павлы æмæ Пётры. Моладзандоны сæйраг амаддзаг сарæзтæуыд 895—906-æм азты.
  • Григор Татевацийы зæппадз кæнæ Сыгъдæг Григор Татевацийы. Татеваци уыдис зындгонд астæузамны ахуыргонд, теолог, педагог æмæ Татевы университеты ректор. 1390-æм азæй Татевы моладзандоны арвыста 20 азы фылдæр, суанг йæ мæлæты онг 1409-æм азы.
  • Григор Лусаворичы аргъуан кæнæ Сыгъдæг Григори Рухстауæджы.
  • Аствацацины аргъуан кæнæ Мад Мæйрæмы. Татевы моладзандоны æртæ аргъуантæй иуыл чысылæр. Самадтой йæ 80-æм азты XI æнусы рагон моладзандонон зæппæдзы сæрмæ.
  • Татевы æдзæрæг бынат. Йæ бындурæвæрджытæ уыдысты Аранцы моладзандоны моладзантæ XIV-æм æнусы.

Татевы университет

ивын

1373-æм азы Татевы моладзандоны Ованес Воротнеци сывæрдта университеты бындур — Хуссар Кавказы иуыл стырдæр университеттæй иу. Университеты ахуыр кодтой философи, теологи, грамматикæ, физикæ, математик æмæ астрономи, каллиграфи, литературæ, истори æмæ архитектура, миниатюрæ æмæ къулыл къухфысты аивад, нывгæнын бындур æмæ æнд. Ахуыр цыдист 7-8 азы.500 моладзанæй уæлдай, Татевы цардис философстæ, музыканттæ, фыссæджытæ æмæ нывгæнджытæ.

Галерей

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. André Vauchez, Richard Barrie Dobson, Michael Lapidge./ Encyclopedia of the Middle Ages: A-J. — Fitzroy Dearborn Publishers, Incorporated, 2000. — P. 107
  2. Под ред. Б. Д. Грекова (отв. ред.), Л. В. Черепнина, В. Т. Пашуто — М.: Изд. АН СССР, 1953. — Т. II. — фарс 719.
  3. Agop J. Hacikyan, Gabriel Basmajian, Edward S. Franchuk./The Heritage of Armenian Literature, Vol. 2: From the Sixth to the Eighteenth Century. — Wayne State University Press, 2002. — P. 652.