Таутиаты Абдулбекир
Таутиаты Абдулбекир (Барис) (райгуырдис Турчы[1] — амардис 1937-æм азы) уыдис советон дуджы политикон архайæг, 1934-æм азæй 1937-æм азмæ Хуссар Ирыстоны коммунистон партийы обкомы фыццаг секретарь, Ирыстоны баиу кæныны змæлды хайадисæг. 1937-æм азы фехст фæци советон хицауадæй, Сталины репресситы рæстæджы.
Абдулбекир райгуырдис Османты империйы, ирон мухадзырты бинонты[2]. 1919-æм азы, Революцийы фæстæ, йæ бинонтæ раздæхтысты Ирыстоны цæгатмæ, æмæ Абдулбекир сси фæскомцæдисон, фæстæдæр та — комунистты партийы æнувыд уæнг æмæ революцион архайæг. Куыста бæрнон партион бынæтты Мæскуы æмæ Бакуйы.
1934-æм азы бафарста, цæмæй йæ Хуссар Ирыстонмæ куыстмæ рарвитой, æмæ сси Хуссар Ирыстоны автономон облæсты коммунистон партийы обкомы фыццаг секретарь. Уыцы бынаты уæвгæйæ цалдæр хатты фарст æрæвæрдта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæныны тыххæй. Ахæм цаутæй иу уыдис 1936-æм азы 19 июны, Цхинвалы горæтон партион æмбырды рæстæджы, кæцы æрымбырд ног Сталины конституцийы аныхас кæнын охыл[2]. Ацы цауы фæстæ, 1936-æм азы 3 июлы Цхинвалы фæсидтой Гуырдзыстоны коммунистон партийы Хуссар Ирыстоны обкомы рабадт, æрхæццæ и уырдæм Гуырдзыстоны коммунистон партийы дыккаг секретар Валериан Бакрадзе. Уыцы рабадты дæргъы гуырдзиаг коммунисттæ стыр критикæйы бын фæкодтой Хуссар Ирыстоны партийы хайад, æмæ cын бафæдзæхстой, цæмæй сæ «шовинистон æмæ антипартион риторикæ ныууадзой».
1937-æм азы Абдулбечирмæ фæдзырдтой Тбилисмæ, уым æй æрцахстой, рахуыдтой йæ «адæмы знаг» æмæ фехстой[3][2].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Газета "Владикавказ" №27 (2786) // С севера на юг. История национального подвижничества
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Север и Юг Осетии. Из истории национального подвижничества . Государственное информационное агентство "Рес" (10 мая 2011). Датæ: 2021-æм азы 10 декабры.
- ↑ 1937 год в Южной Осетии // Вестник Владикавказского научного центра. — 2007. — Т. 7, вып. 1. — С. 23–30. — ISSN 1683-2507.