Тахохтæ (уырыс. Тахоховы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Ацы мыггагæн йæ равзæрды истори цæуы Ларсæй. Сæ фыдæлтæй Ларсы чи цард, уыдонæй ма хъуыды кæнынц æрмæст Бабийы ном. Тахох цæрæнбынатæн равзæрста Уæллаг Уынал. Ам ус ракуырдта, ссис бинонты хицау æмæ йæ мыггаг йæхи номыл раивта — Тахохтæй. Райгуырд сын æртæ фырты: Гой, Уæхæнæз æмæ Бури. Бури Уыналы кæйдæр амардта æмæ уый тыххæй алыгъд Къобмæ, Уæхæнæз та алыгъд Дзæуджыхъæумæ, Гой та алыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Уæллаг комы, Къæмынты хъæуы. Тахохты мыггаг Къæмунты фылдæрæй фылдæр кодтой, зæххытæ сын нал фаг кодта æмæ быдыры хъæутæм фæлыгъдысты: Сындзыхъæу, Къора æмæ Сырх Дыгурмæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.