Тревер, Камиллæ Василийы чызг
Камиллæ Василийы (Вильгельмы) чызг Тревер (райгуырдис 1892-æм азы 25 январы Бетъырбухы — амардисы 1974-æм азы 11 ноябры Ленинграды) уыд советон историк æмæ аивадзонæг. Историон зонæдты доктор. Советон Цæдисы зонæдты академийы уæнг-корреспондент 1943-æм азæй. Иртæста Астæуккаг Ази, Фæскавказ æмæ Ираны истори, культурæ æмæ аивад[1].
Камиллæ Василийы чызг Тревер | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1892-æм азы 25 январы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1974-æм азы 11 ноябры (82 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | историон зонæдты доктор[d] (1939) |
Зонадон разамонæг | Фаддей Францы фырт Зелинский[d] |
Ахуыргæнинæгтæ | Анаит Периханян[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынРайгуырдис хуымæтæг уæрæсейаг немыцæгты бинонтæн. 1902-æм азы ахуыр кæнын байдыдта зындгонд бетъырбухаг немыцаг скъола St.Petri-Schule-йы, æмæ йæ каст фæци 1907-æм азы.
Тревер ахуыр кодта Сылгоймæгты педагогон институты историон-филологон хайады (1907—1912). Уым куы ахуыр кодта, иннæ чызджытимæ абалц кодта Италимæ, федта Ром, Венеци æмæ æндæр рагон сахартæ, уыцы балцы тæваг ирдæй зыны йæ цардыл[2]. Институт каст фæуыны диплом куы райста, кусын райдыдта сылгоймæгты гимназы. Уыцы иу рæстæг йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн ахуыр кодта истори æмæ археологи, йæ ахуыргæнджыты ’хсæн уыдысты дунейы зындгонд профессортæ И. М. Гревс æмæ Ф. Ф. Зелинский, уыдонимæ балц кодта Хъырым æмæ Бухарамæ. 1913-æм азæй куыста Археологон къамисы, Ольвияйы рагондзинæдтæ афысгæйæ æмæ иртасгæйæ. 1914-æм азы Тревер экстернæй радта паддзахадон фæлæвæрæнтæ Бетъырбухы университеты историон-филологон факультеты курсæй. Дунейы фыццаг хæст куы райтынг, Уæрæсейы æхсæнады немыцæгтæм зул цæстæй кæсын байдыдтой, немыцæгтæй бирæ сæ нæмттæ фæууырыссагдæр кодтой — Камиллæйы фыд йæхи фыссын байдыдта Вильгельм нæ, фæлæ Василий Антонович, йæ чызджытæ дæр фыды ном сæ гæххæттыты аивтой[2].
1919-æм азæй куыста Материалон культурæйы академийы æмæ Эрмитажы эллинаг-скифаг хайады, 1926-æм азы онг уыд (Эрмитажы мидæг) Строгановы галуаны хъахъхъæнæг.
Уыцы иу рæстæг Камиллæ Тревер йе ’мкъласонтимæ сарæзта кафджыты къорд «Гептахор» (грекъаг ныхæстæй «авд» æмæ «кафт»), йæ уæнгтæ уыдысты Стефанидæ Руднева, Наталья Энман, Екатеринæ Цинзерлинг, Юлия Тихомирова, Ильзæ æмæ Камиллæ Тревер, Наталья Педькова. «Гептахор» концерттæ лæвæрдта Уæрæсейы сахарты, тæккæ фылдæр уыдысты 1920-æм азты райдиан. 1927-æм азæй сæ кафджыты къорд сси хорасчёты паддзахадон студи[3].
1922-æм азæй Тревер куыста Скæсæны истори æмæ аивадыл, хъуыста В. В. Бартольд, И. А. Орбели, С. Ф. Ольденбург, А. А. Фрейманы лекцитæм. 1926-æм азы сси Ленинграды паддзахадон университеты иранистикæйы кафедрæйы доцент, 1928-æм азæй æххуыс кодта профессора И. А. Орбелийæн Эрмитажы Скæсæны хайадæй скæсæнзонынады ахсджиаг артдзæст скæныныл. 1939-æм азы Тревер райста историон зонæдты докторы къæпхæн.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман куыста Ташкенты Æвзæгтæ, литературæ æмæ аивады институты, стæй та Ереваны Сомихаг ССР-йы Зонæдты академийы Историйы институты (1943—1945).
Уый фæстæ ногæй куыста Ленинграды, Арехологийы институты. Йæ аспирантты ’хсæны уыд Сомихы истори зынгæ иртасæг Анаит Периханян (1928—2012).
Цы ахуырад райста, уый фæрцы, стæй бирæ æвзæгтæ кæй зыдта, уый тыххæй дæр Треверæн фаг эрудици разындис рагон Скæсæн æмæ Кавказы историйы вазыгджын темæтыл кусынмæ. Уый ныффыста 100 зонадон уацы æмæ чиныгæй фылдæр.
Сæйрагдæр куыстытæ
ивын- Памятники греко-бактрийского искусства. М.-Л.: 1940. 178 с. + 50 табл.
- Памятники греко-бактрийского искусства. М.-Л.: 1940. 178 с. + 50 табл.
- Очерки по истории культуры древней Армении (II в. до н. э. — IV в. н. э.).
- Очерки по истории и культуре кавказской Албании IV в. до н. э. — VII в. н. э. М.-Л., 1959.
- Сасанидское серебро. Собрание Государственного Эрмитажа. Л., 1987 (в соавт. с В. Г. Лукониным)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Российская академия наук. Тревер К. В. Общая информация.
- ↑ 2,0 2,1 Груздева Е. Н. Камилла Васильевна Тревер. К 120-летию со дня рождения
- ↑ Сироткина Ирина. Свободное движение и пластический танец в России. М.: Новое литературное обозрение, 2011
Æддаг æрмæг
ивын- Уæрæсейы зонæдты академийы сайты фарс Камиллæ Треверы тыххæй
- Историческая справка на сайте Архива РАН
- Заднепровский Ю. А. Камилла Васильевна Тревер (1892—1974) Архивгонд æрцыдис 19 ноябры 2021 азы.
- Груздева Е. Н. К. В. Тревер (к 120-летию со дня рождения)
- Стороны жизни и социальный портрет слушательниц Женского педагогического института, обучавшихся в 1903—1917 гг.