Фрейман, Александр Арнольды фырт
Александр Арнольды фырт Фрейман (райгуырдис 1879-æм азы Варшавæйы, Уæрæсейы империйы — амардис 1968-æм азы 19 январы Ленинграды, ССРЦ[2][3]) уыд уæрæсейаг æмæ советон филолог-иранист. ССРЦ-ы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент (1928), Ираны ЗА-йы уæнг-корреспондент (1944)[2], Таджикаг ССР-йы зонæдты сгуыхт архайæг (1949)[4]. Советон ирайнаг æвзагзонынады бындурæвæрæг æмæ раздзог[5].
Александр Арнольды фырт Фрейман | |
---|---|
уырыс. Александр Арнольдович Фрейман | |
Райгуырды датæ | 10 (22) августы 1879 кæнæ 1879-æм азы 22 августы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1968-æм азы 19 январы[1] (88 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | иранистикæ |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон ном | профессор[d] |
Зонадон разамонæг | Карл Залеман[d] |
Цардафыст
ивынКаст фæци гимназ Варшавæйы[4]. 1903-æм азы[4][6] райста Бетъырбухы университеты скæсæйнаг æвзæгты факультеты фыццаг къæпхæны диплом[4][3][2], ахуыр кодта санскрит, персайнаг æмæ сомихаг æвзæгтæ, йæ ахуыргæнджыты ’хсæн уыдысты К. Г. Залеман[2][3], В. А. Жуковский, С. Ф. Ольденбург, Ф. И. Щербатский æмæ Н. Я. Марр[4]. 1904—1906 стажировкæмæ ацыд Германы сахар Гисены университетмæ, ахуыр кодта рагон ирайнаг æвзæгтæ профессор Христиан Бартоломейы разамындæй[6][4].
Петрограды (фæстæдæр Ленинграды) университеты куыста 1917—1950 азты. Амыдта дзы авестæйаг, рагон персайнаг, пехлевиаг æмæ ныры персайнаг æвзаг. 1919-æм азæй — профессор[3][2][6], 1938-æм азæй[4] 1950-æм азы онг — ирайнаг филологийы кафедрæйы сæргълæууæг[3][2][6].
Ныгæд и Бетъырбухы Серафимы уæлмæрдты.
Зонадмæ бавæрæн
ивынФрейман æртиссæдз азы дæргъы куыста иранистикæйы алыхуызон къабæзты. Йæ сæйрагдæр куыстытæ сты согъдаг, хорезмаг æмæ ирон æвзаджы тыххæй.
1933-æм азы Таджикистаны ныгуылæны Фрейманы экспедици иртæста Муджы хохыл хæлддæгтæ[2], æмæ дзы ссардтой VIII æнусы согъдаг æлдариуæггæнæг Деваштичы архив. Уыцы текстты тæлмацты бындурыл райдыдта «согъдаг иртасæнты ног дуг», скæсæнзонæг С. И. Баевскийы ныхæстæм гæсгæ.
Фрейман бацæттæ кодта, авторы мæлæтæй фæсты къухфыстыты хуызы чи уыд, уыцы В. Ф. Миллеры «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат» (æртæ чиныгæй, 1927—1934)[2][3]. Дзырдуаты ис ахсджиаг æрмæджытæ ирон æмæ дыгурон диалекты тыххæй[2]. Фрейман дзырдуатмæ бахæста дзæвгæр ног дзырдтæ дæр.
Рухс федтой йæ 100 куыстæй фылдæр. Мыхуырæй цыдысты канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ Австри, Польшæ, Иран, Инди æмæ Чехословакийы дæр. Уый йеддæмæ ма бацæттæ кодта бирæ иранисттæ.
Сæйрагдæр куыстытæ
ивын- Миллер В. Ф. Осетинско-русско-немецкий словарь / Под редакцией и с дополнениями А. А. Фреймана. — Л.
- Фрейман А. А. Хорезмийский язык. Материалы и исследования. — М.—Л.
- Фрейман А. А. Описание, публикации и исследование документов с горы Муг / ИНА АН СССР. — М.
Литературæ
ивын- Исаев М. И. А. А. Фрейман и осетиноведение (1879—1968) // Осетинская филология. — Орджоникидзе, 1981. — Вып. 2. — С. 124—131.
Æддаг æрмæджытæ
ивын- Страница с краткой биографической справкой, фотографией и некоторыми отсканированными работами Фреймана на сайте Института восточных рукописей РАН
- Фотография, предоставленная в Encyclopædia Iranica С. И. Баевским
- Страница на сайте РАН
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Каталог Немецкой национальной библиотеки (нем.)
- ↑ 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 2,5 2,6 2,7 2,8 Фрейман Александр Арнольдович / С. А. Шуйский // Франкфурт — Чага. — М. : Советон энциклопеди, 1978. — (Стыр советон энциклопеди : [30 т.] / сæйраг ред. А. М. Прохоров ; 1969—1978, т. 28).
- ↑ 3,0 3,1 3,2 3,3 3,4 3,5 Фрейман Александр Арнольдович // Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов. — М. : Большая российская энциклопедия, 2004—2017.
- ↑ 4,0 4,1 4,2 4,3 4,4 4,5 4,6 Марахонова С. И. Александр Арнольдович Фрейман . Институт восточных рукописей РАН. Датæ: 2018-æм азы 12 августы.
- ↑ Фрейман Александр Арнольдович . Мегаэнциклопедия Кирилла и Мефодия. Датæ: 2018-æм азы 13 августы.
- ↑ 6,0 6,1 6,2 6,3 Фрейман, Александр Арнольдович / И. М. Оранский // Советская историческая энциклопедия : в 16 т. / под ред. Е. М. Жукова. — М. : Советская энциклопедия, 1974. — Т. 15 : Феллахи — Чжалайнор. — Стб. 423—424.