Тускъатæ
Истори
ивынИу таурæгъмæ гæсгæ, Тускъатæ, Лагкутæ æмæ Дзансолтæ æрвадæлтæ сты — Тускъа, Лагку æмæ, дам, Дзансол уыдысты æфсымæртæ. Фæлæ ис æндæр таурæгъ дæр, уый куыд амоны, афтæмæй ацы æртæ лæджы кæрæдзийæн тугхæстæджытæ не сты. Лагку, дам, у Стыр Дыгураг, рагон алантæй, Тускъа кæцæй æрбафтыд Стыр Дыгурмæ, уый ничи зоны. Дзансол æрбафтыд Дыгурмæ Уæлладжыры комæй. Ацы æртæ лæджы ам кæнгæ æфсымæртæ загътой кæрæдзийæ. Устытæ æрхастой, фæзынд сын цæуæт, сæ мыггæгтæ сæ нæмттæм гæсгæ рахуыдтой. Афтæмæй Стыр Дыгуры фæзынд мыггæгтæ: Тускъатæ, Лагкутæ æмæ Дзансолтæ.
Тускъаты мыггаджы равзæрды тыххæй ма ис ноджы иу таурæгъ. Ацы таурæгъмæ гæсгæ, дам, кæцæйдæр æртæ æфсымæры æрлыгъди Кетмæ. Ам се æцæг мыггаджы ном хъæуы цæрджытæн не схъæр кодтой, кæцæй ралыгъдысты, уый дæр нæ загътой. Æфсымæртæ асæй уыдысты стыр, буарæй ставд, æмæ сæ хъæуы цæрджытæ уымæ гæсгæ схуыдтой Тускъатæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ Тускъатæ иннæ Кетонтимæ алыгъдысты Мæздæджы районмæ — Мусхъæумæ. Тускъаты æртæ æфсымæрæй иу — Айдарухъ пысылмон дин райста æмæ алыгъд Цыколамæ. Айдарухъ æмæ йе ’ртæ фырты: Баса, Илас æмæ Хаджумар нымад цæуынц Тускъатæй, Цыколайы чи цæры, уыдон фыдæлтыл.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 151–152.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 119.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 35–36.