Тылаттатæ кæнæ Тлаттатæ[1], вариантæ: Тладтатæ[2], Тлаттæ[2] (уырыс. Тлатовы) сты ирон мыггаг.

Тылаттаты Беслæны цырт

Равзæрд ивын

Мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Тлаттатæ, Тугъантæ, Мамсыратæ, Есенатæ, Хъаныхъуатæ равзæрдысты иу фыдæлæй, йæ ном хуынд Камбий. Тлаттатæ æмæ Къуындыхатæ сты Камбийы хистæр фырт Тлатты цæуæт. Æлдаттæ æмæ Тугъантæ уыдысты Камбийы астæуккаг фырт Æлдатты цæуæт. Мамсыратæ, Есенатæ æмæ Хъаныхъуатæ та уыдысты Камбийы кæстæр фырт Знауыры цæуæт. Камбий уыд Тагъайы хистæр фырт. Тагъайы кæстæр фырт та хуынд Сана. Уымæй равзæрд Тхостты мыггаг. Камби æмæ Санайы цæуæт сбирæ сты æмæ фæйнæрдæм фæлыгъдысты: Хъаныхъуатæ æрцардысты Уæллаг Хъобаны, Тлаттатæ — Дæллаг Хъобаны, Есенатæ — Уæллаг Санибайы, Къуындыхатæ — Дæллаг Санибайы, Тугъантæ — Тменыхъæуы. Мамсыратæ, Æлдаттæ æмæ Тхосттæ баззадысты Дæргъæвсы цæргæйæ.[3]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. 2,0 2,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005