Тыхостатæ[1] кæнæ Тхостатæ[1] (уырыс. Тхостовы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаджы ном баст у ирæтты рагон бардуаг Тыхосты номимæ. Ж. Дюмезилы хъуыдымæ гæсгæ, Тыхост æрцахста скифты рагон бардуаг Аресы бынат. Арес та уыд хæсты бардуаг. Тыхостæн уæлдай тынгдæр куывтой Уæлладжыры комы, Уыналы. Фæстæдæр Тыхостаты мыггаг нымад уыд Тæгиаты æлдариуæггæнæг мыггæгтæн сæ иуыл. Сæ фыдæл Тыхосты нымадтой Тæгайы фырты фырты фыртыл, цард Дæргъæвсы. Тыхостаты иу хай XIX æнусы 60 азты алыгъд Туркмæ. Ирыстоны сæ чи баззад, уыдонæй бирæтæ уыдысты æфсады. Ирон адæмы цард æмæ æгъдæуттæ чи ахуыр кодта, уыдонæй иу уыд Тыхостаты Гæдойы фырт Инал.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Æддаг æрмæг ивын