Уæллаг Бирæгъзæнг
Уæллаг Бирæгъзæнг (уырыс. Верхний Бирагзанг) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.
Хъæу
Уæллаг Бирæгъзæнг ![]()
|
Уæллаг Бирæгъзæнджы аргъуаны ис алайнæг сыгъдæджыты иконæтæ, къултыл — фыстытæ аргъуаны славяйнаг æмæ ирон æвзагыл. Мидæгæй аргъуан сныв кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнджытæ Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Аслан сæ æрыгон æххуысгæнджытимæ[2]. Аргъуан байгом и 2009-æм азы[3].
Бирæгъзæнджы цур цæуы «Теремок», зæгъгæ, ахæм сидзæр сывæллæтты хъæуы арæзтад. Уым цæрдзысты стыр мыггæгтæ сæ кæнгæ сывæллæттимæ[4].