Уастырджи, дыгуронау Уасгерги — æппæты кадджындæр æмæ адæмæн уарзондæр дзуар ирон мифологийы, нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ, хæстонтыл аудæн бардуаг. Нарты кадджыты йæ хонынц уæларвцæрæг, æвдыст цæуы тызмæг хæстоны хуызы урс бæхыл, урс уæйлаг нымæты.

Уастырджи

Æмткæй райсгæйæ, Уастырджийæн нартимæ хорз ахастдзинæдтæ ис, семæ фæбады нарты куывды. Нарты кадджыты Уастырджи арæх фæзыны сылгоймæгты фæливæджы хуызы дæр. У номдзыд Нарты кадджыты хъайтар Сатанайы фыд.

Ирон адæмы хъуыдымæ гæсгæ Уастырджи Хуыцау æмæ адæмы ’хсæн у рæстаг лæг. Адæммæ фæзыны мæгуыр зæронд лæджы хуызы.

Сылгоймæгтæ Уастырджийы ном нæ дзырдтой, тобæгонд уыдис, уымæ гæсгæ дзурынц Лæгты Дзуар.

Æппæты фылдæр кувæндæттæ ис Уастырджийы номыл, æмбæлынц æгас Ирыстоны зæххыл дæр. Иу ахæм фынг дæр нæй, иу ахæм хорз хъуыддаг дæр нæй æмæ дзы Уастырджийы ном ма ссарой, сæхи йыл ма бафæдзæхсой.