«Упсала-Цирк» — уæрæсейаг цирк, автономон æнæ саудæджерон организаци, социалон æмæ культурон лæггæдтæ дæттæг. Архайы æвæгæсæг сывæллæтты æмæ æнахъомты социалон дзæбæхкæныныл. Цирк кусы 2000-æм азæй Бетъырбухы. Организацийы нысан — уынджы цардæн скæнын альтернативæ, раздахын сывæллæтты æхсæнадмæ æмæ скæнын гæнæнтæ сæ алырдыгон тынгадмæ[1].

Истори

ивын

«Упсала-Цирк»-æн бындур æвæрд уыд 2000-æм азы Бетъырбухы немыцаг студенткæ Астрид Шорн æмæ театралон режиссёр Лариса Афанасьевайæ. Уыдон æмбырд кодтой æвæгæсаг рынчын савæллæтты коррекцион скъолаты, милицæйы сывæллæтты уатты æмæ тæккæ уынгты. Шорн сси проекты идейон разæнгардгæнæг, агуырдта циркæн тренерты æмæ æхцайы фæрæзтæ, æрвыста фыстæджытæ алыхуызон фондтæм, кодта æппæт организацион куыст. Шорны фæрцы цирк райста æхца Герман æмæ Францæй. Афанасьевæйæн бабар кодтой æвæрдты аивадон хай, стæй режиссурæ. Цыппар мæйы фæстæ æвæрд æрцыд фыццаг номер «Зæрдæйæ фехъуысын», труппæ рацыд Берлины циркон фестиваль Cabuwazi-йы æмæ сси йæ лауреат. Фыццаг рæстæг цирк йæ æвæрдтæ æвдыста фылдæр Европæйы, европæйаг хæрзгæнæн фондты æххуысæй. 2005-æм азы организацыйы уыд æртæ къорды артистытæ, архайдтой дзы 30 сывæллоны, мæйы бюджет та фæфылдæр и 5000 доллæрæй. «Упсала-Цирк» хорзæхгонд уыд æхсæнадæмон циркон фестивалы премийæ Мюнхены[2].

2011-æм азы фæткдарыны компани «Теорема»-йы сæргълæууæг Игорь Водопьяновы фæрцы Свердловы номыл донбыластæрды уыд арæзт фыццаг стационарон цатыр(раздæр цирк банат кодта æххуырсгæ). Фæстæдæр æмарæн территорийыл организатортæ сарæзтой «Упсала-Цирк» кæй хонынц, уый – сæрдыгон бинотæн ивхæрсон комплекс концерттæ аразынæн, циркон уроктæ дæттынæн æмæ æндæр мастер-класстæ кæнынæн сывæллæттæн. Парчы мадзæлты архайдтой Вячеслав Полунин, Гётейы номыл Институт, Евгений Фёдоровы музыкалон проект Optimystica Orchestra, Хоронько-оркестр, мульт-студи «Да», айвадон мануфактура ПТХ, «Открытая библиотека», рауагъдад «Поляндрия» æмæ æндæртæ[3]. 2012-æм азæй райдайгæйæ æппæт музыкæ спектакльтæн фыссы зындгонд композитор Дмитрий Максимичёв.

2013-æм азы барæггæнæнтæм организацийы афæзы хцайы æрзылд фæфылдæр 11 милуан соммæ. Уыимæ хардз бамбæрзт сси 10-12% — æфтиаг цыд билеттæ æмæ сувенирон продукци уæй кæнынæй: футболкæтæ, нысантæ, сумкæтæ. Иннæ аз пайда фæфылдæр 30% онг[2]. Кæд раздæр цирк йæ куыстытæ фылдæр авдыста Европæйы, æнцондæр æмæ хцайæ пайдадæр кусын кæм уыд, уæд нырæй фæстæмæ авдыстытæ райдыдтой цæуын Уæрæсейы Евгиния Горькæвæйы социалон проект «Душевный базар»-имæ иумæ. Труппæ уыд Красноярскы, Новосибирскы, Сочийы, Краснодары, Ростов Донылы, Уралы сахарты, Владивостокы, Хабаровскы æмæ æндæр регионты[4][5].

2015-æм азы «Упсала-Цирк»-ы бындурыл Бетъырбухы байгом Циркон педагогикæйы скъола[6].

Архайд

ивын

Сывæллæтты ахуыр кæнынц профессионалон циркы кусæг тренертæ, хореографтæ, режиссертæ. 2014-æм азы организацийы æдæппæт куыста 16 адæймаджы æмæ дзы ахуыр кодтой 70 æвæгæсаг сывæллоны 7 азæй 18 азы онг. Алы аз кризисон центрты æмæ коррекцион скъолаты цæуынц æмбырдтæ, циркмæ бахауы 50 сывæллоны(уыдонæй 35 баззайынц циркы кусынмæ). Репертуары и цалдæр æвдысты. 15 азмæ «Упсала-Цирк» уыд Европæйы 500 ран гастрольты. Организацийы æфтиаг цад билеттæ уæй кæнынæй, корпоративон мадзæлттæ кæнынæй тимбилдингæй, бæрæгбæттæ цæттæ кæнынæй[7][8][9][10].

Циркы кусджытæ царды уадзынц бирæ æддагон социалон программæтæ, зæгъæм, 1-æм спецскъолайы организациконд уыд «Фæсбыру цирк» (уырыс. «Цирк за забором»), уым æрыгон фыдгæнджыты ахуыр кæнынц паркурæй. Æртæ сæйраг группæйæ уæлдай кусы сæрмагонд къорд Наталья Кашинæйы сæргъы. Уым сымбырд кодта рынчын сывæллæтты, сæ фылдæр хай Дауны синдромæй рынчынтæ[11]. Æппæтуæрасеон социалон программæ «Сагъæсы тых»-ы (уырыс. «Сила мечты») фæрцы аразынц мастер-класстæ[12].

Циркы рауагъдонтæ ахуыр кæнынц иннæты акробатикон дæсныйадыл училищæты, бацæуынц уæлдæр ахуырдæттæм. Йууæй-иутæ ист сты стажировкамæ «Фрателлинийы академимæ» — зындгонд циркон айвады скъола Парижы[13].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Хулиганы умеют мечтать. Всероссийский Союз общественных объединений, действующих в интересах детей (22 октябры 2014). Датæ: 2015-æм азы 8 майы.
  2. 2,0 2,1 Анна Ахмедова. Шапито-шоу: как работает самый успешный в России социальный цирк. Forbes (9 мартъийы 2015). Датæ: 2015-æм азы 8 майы.
  3. Аня Балагурова. Как устроен «Упсала-Парк». The Village (19 майы 2014). Датæ: 2015-æм азы 8 майы.
  4. Анна Гусева. Ты это маме будешь рассказывать: как устроен «Упсала-цирк»(недоступная ссылка). UrbanUrban (13 июны 2014). Датæ: 2015-æм азы 8 майы. Архив 2015-æм азы 16 мартъийы.
  5. Вероника Севостьянова. «Упсала-цирк»: современная педагогическая поэма. Милосердие.ру (22 октябры 2014). Датæ: 2015-æм азы 8 майы.
  6. Анна Аверина. На базе Упсала-цирка открылась Школа цирковой педагогики(недоступная ссылка). Агентство социальной информации (5 мартъийы 2015). Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2015-æм азы 1 апрелы.
  7. В Упсала-цирке пройдёт премьера спектакля «Приехали»(недоступная ссылка). 100ТВ (13 июны 2014). Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2015-æм азы 5 сентябры.
  8. Дарина Шевченко, Елена Барышева. Художественный руководитель цирка «Упсала» Лариса Афанасьева о том, как превратить гопника в настоящего хулигана(недоступная ссылка). Московские новости (5 июны 2012). Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2015-æм азы 15 сентябры.
  9. Виолетта Рябко. Детские цирковые труппы со всего мира приедут в Петербург(недоступная ссылка). The Village (11 сентябры 2012). Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2015-æм азы 15 сентябры.
  10. Виолетта Рябко. Упсала-Цирк: терапия искусством. Мир 24 (19 апрелы 2015). Датæ: 2015-æм азы 9 майы.
  11. Упсала-Цирк: первый и единственный в России цирк для хулиганов. Общественное телевидение России (6 декабры 2014). Датæ: 2015-æм азы 8 майы.
  12. Сила мечты: мастер-класс от Ларисы Афанасьевой(недоступная ссылка). Сила мечты (3 мартъийы 2014). Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2016-æм азы 4 мартъийы.
  13. Положительное сальто(недоступная ссылка). Esquire (10 июны 2014). Датæ: 2015-æм азы 9 майы. Архив 2015-æм азы 21 июны.

Æддаг æрмæг

ивын