Фæрæскъæттæ (уырыс. Фараскатта) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы.

Хъæу
Фæрæскъæттæ
42°58′12″ с. ш. 43°47′38″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 16[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекстæ 363515
Фæрæскъæттæ (Уæрæсе)
Фæрæскъæттæ (Цæгат Ирыстон)

Истори

ивын

Дигори коми Фæрæскъæтти гъæу дæр нимад æй рагон гъæубæл. Адтæй си æртæ синхи, æма сæ худтонцæ Дæллаг æма Уæллаг Фæрæскъæттæ, уæдта Хъарцати синх æма Хъалай тегъæ. Гъæуи арæнтæ: цæгатæрдигæй — Задæлески зилди зæнхитæ æма Хъалай тегъæ, хорискæсæни — Уорс хонх, хонсар æма хорнифтуйæн æрдигæй ба Мæхчески зæнхитæ æма Айгомуги дон.

Цалдæн, дан, Фæрæскъæтти гъæуи адæм нæма ’рцардæй, уæди агъоммæ гъæуи бунат адтæй гъæдæ, задæй си фæурæ бæлæстæ. Гъæди астæу ци Æрдозæ адтæй, уомæй пайда кодтонцæ синхаг гъæути цæргутæ, сæрдæ си никкæрдиуонцæ сæ фонсæн хуасæ, фонс даруни туххæй си аразтонцæ фæурæ гъæдæй ’скъæттæ. Гъæуæн æ ном дæр рагон адæм аци æрдози номмæ гæсгæ равардтонцæ — Фæрæскъæттæ.

Гъæуи фиццагидæр æрцардæнцæ Хъарцати гъæуæй æрбаледзæг адæм. Аци гъæу æхуæдæг ба адтæй æвæрд Фæрæскъæттæмæ хæстæг Хъалай тегъи хонсарбæл, арæзт æрцудæй раги кæддæр (мангол-тæтæри æрбалæборуни размæ).

Гъæуæн æ хонсарæрдиги ци лигъз будур ес, уой гъæуи цæргутæ худтонцæ Стъона. Ами рæстæгæй-рæстæгмæ гъæуи адæм æрæмбурд уиуонцæ, æвзурст лæгтæ ба си хастонцæ тæрхонтæ царди уавæртæ хуæздæр кæнуни туххæй, федаун си кодтонцæ тоггинти, хастонцæ си хъодий тæрхон цард ихалгутæн æма æнд.

Тъæпæн Дигори гъæутæй раздæр Дзиуарæ арæзт æрцудæй Фæрæскъæтти гъæуи, «Дзæппази дзиуарæ», зæгъгæ.

Гъæути цæргутæн еци дзиуари бунат адтæй ковæндонæ. Адтæй ма, æвæдзи, гъæути æндæр ковæндæнттæ дæр, фал «Дзæппази дзиуарæ»-й кадгиндæр ба еци рæстæги нæма адтæй Тъæпæн Дигорæн.

Цалдæн Мæхчески гъæуи арæзт нæма æрцудæй дзиуарæ, уæдмæ синхаг гъæути хестæр адæм ковунмæ цудæнцæ Фæрæскъæтти «Дзæппази дзиуарæмæ». Ами абони дæр ауигъдæй лæууй Темирати муггаги тъæригъоси рæхис.

Фæрæскъæтти гъæу æма Хъазахти синх астæу къулдуни хонсари раги кæддæр æвæрд æрцудæнцæ æмвæрстæ Дигорон-Айдарухъ æма æ фурт Хъабани мæрдтæ.

Фæрæскъæтти гъæуи рагон цæргутæн дæр сæ царди уавæртæ, се ’гъдæуттæ адтæнцæ æмхузон Дигори коми иннæ гъæути цæргути хæццæ. Абони ма аци гъæуи цæргæ байзадæнцæ цалдæр бийнонти, иннетæ ба фæллигъдæнцæ æндæр рауæнтæмæ.[2]

Мыггæгтæ

ивын

Фæрæскъæтти гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Айдартæ, Бесатæ, Гæбæйратæ, Дзагкойтæ, Дзарасутæ, Колитæ, Маматæ, Легкойтæ, Рæмонтæ, Темиратæ, Текъитæ, Худæлтæ, Хъабантæ æма Чегемтæ. Хъалай тегъæбæл ба — Хъалатæ, Цæукъатæ, Елджиартæ æма Гæтийтæ.[2]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. 2,0 2,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 136—137.