Фидаратæ (уырыс. Фидаровы, тур. Fidan[2]) сты ирон мыггаг.

Фидаратæ
Æрвадæлтæ Дзиуатæ, Тегатæ
Къабæзтæ Тепсиатæ[1]
Кæм цардысты Саниба, Дæргъæвс
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Равзæрд

ивын

Фидаратæ Æхсæуæй ралыгъдысты. Уым Тегатæй уыдысты. Лæг амардтой æмæ ралыгъдысты Дыгурæй. Хъахъхъæдурмæ æрбафтыдысты, æмæ уым фарстой, ам бонджындæр мыггаг чи у, зæгъгæ. Уыдонмæ бафысым кодтой, стæй уым цæргæйæ баззадысты. Сæ фыдæлтæй иу хуынди Фидар, æмæ уый номæй рацыд сæ мыггаг. Рагон цæрæг кæй не сты Дæргъæвсгомы, уый уымæй дæр бæрæг у, æмæ сын æлхæд зæххæй æндæр фыды зæхх нæ уыди. Фидар æмæ Дзиу уыдысты æфсымæртæ. Сæ нæмттæй рацыдысты мыггæгтæ: Фидаратæ, Дзиуатæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.

Æрвитæнтæ

ивын