Фи́джи (англ. Fiji, фидж. Viti, фидж. хинди Fidźi / फ़िजी) у паддзахад Сабыр фурды архипелагтæйы иуыл.

Фиджийы Республикæ
англ. Republic of Fiji
фидж. Matanitu Tugalala o Viti
фидж. хинди Fidźi Ganaradźja / फ़िजी गणराज्य
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Rerevaka na Kalou ka Doka na Tui
(Хуыцауæй тæрс, фæтæгæн нымд кæн)»
Фиджийы паддзахадон гимн
Официалон æвзаг англисаг, фиджийаг, фиджийаг хинди
Сæйраг сахар Сувæ
Стырдæр сахартæ Сувæ
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Территори
 • Æдæппæт 18 270 км²
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 905 949 ад.
 • Æнгомад 47 ад./км²
Валютæ Фиджийы доллар (FJD)
Интернет-домен .fj
Код ISO FJ
ÆОК-ы код FIJ
Телефонон код +679
Сахатон таг +12
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Фиджийы цæрджытæй 57,2 % (475 739 адæймаджы) сты фиджиаг адæмыхаттæй, бындурон цæрджытæ, 37,5 % (313 798 адæймаджы) та — фиджи-индийæгтæ. Англисаг æмæ фиджиаг сты бæстæйы официалон æвзæгтæ, индийæгты ’хсæн бирæтæ дзурынц ма хиндустанийы, хиндиаг æвзаджы диалектыл (Фиджийы хинди дæр æй хонынц). Фиджийы цæрæг индийæгты нымæц хауы эмиграцийы аххосæй.

Сæ динмæ гæсгæ Фиджийы цæрджытæ сты чырыстон (64,5 %, уыдонæй методисттæ — 35 %, католиктæ — 9 %, «Хуыцыауы æмбырды» уæнгтæ — 6 %, æвдæм боны адвентисттæ — 4 %, æндæр чырыстæттæ — 11 %), индуисттæ — 27,9 %, пысылмæттæ — 6,3 %, сикхæгтæ — 0,3 % (2007-æм азы сфыстмæ гæсгæ).