Æмцег кæнæ æмцек[1], дыгур. енцег, æнцег[1] — раджы уыдис ахæм æгъдау, æдыхдæр мыггаг, хæдзар-иу тыхджындæр мыггаджы бинонтæй хъомыл кæнынмæ райста лæппу. Æмæ-иу уæд дыууæ мыггаджы систы æмцегтæ, бахъуыды рæстæг кæрæдзийæн — æнцойтæ. Цы лæппу иу хъомыл кодтой, уый та хуынд хъан. Æмбисондæн куы баззад: «Хъаны цард кæны», ома, хорз цæры.[2]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.
  2. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.

Литературæ

ивын
  • Агънаты Æхсар. Иуæй-иу дзырдты равзæрд. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1993. — С. 51–52.
  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. — Дзæуджыхъæу, 1994. — С. 25.