Гвиа́нæ (фр. Guyane; арæх Францы Гвианæ дæр) у Францы стырдæр фæсденджызон регион æмæ фæсденджызон департамент, æрбынат кодта Хуссар Америкæйы цæгат-скæсæны.

Гвианæ
фр. Guyane
гв. креол. Lagwiyann
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Æвзаг Францаг
Сæйраг сахар Кайеннæ
Стырдæр сахартæ Кайеннæ
Хицауиуæджы хуыз Францы фæсденджызон регион
Президент Антуан Карам
Фæзуат 83 534 км²
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2009)
Æнгомад

220 000 ад.
2,6 ад./км²
Валютæ Евро
Интернет-домен .gf
Телефонон код +594
Сахатон таг -3

Регионы официалон ном у Гвианæ, бæлвырддæргæнæн дзырд «Францы» кæнæ «Францаг» баззадис, Хуссар Америкæйы ма дыууæ æндæр Гвианæйы куы уыдис (Бритайнаг Гвианæ — ныры Гайанæ, æмæ Нидерландаг Гвианæ — ныры Суринам), уыцы рæстæгæй.

Францы Гвианæ экватормæ хæстæг у, æмæ уый тыххæй дзы æнцондæр у космосмæ спутниктæ арвитын. Франц сарæзта Гвианæйы космодром Куру, уыцы космодромæй Уæрæсе дæр пайда кæны 2011-æм азæй райдайгæ[1].

Кайеннæйы рагон бæстыхæйттæй иу

Фиппаинæгтæ

ивын