Гайанæ (англ. Guyana, зæлы /ɡaɪˈænə/ or /ɡiːˈɑːnə/), кæддæры Бритайнаг Гайанæ, у Хуссар Америкæйы цæгат-скæсæйнаг паддзахад, Атлантикон фурды былгæрон. Гайанæйы сыхаг бæстæтæ сты Венесуэлæ (скæсæны), Бразили (хуссары) æмæ Суринам (ныгуылæны). Бæстæйы фылдæр хай у дайуаг (дзырддаг) — уыцы территоритæм хъавынц Венесуэлæ æмæ Суринам — Венесуэлæйы мыхуыргонд картæтæ скæсæйнаг Гайанæйы территори цæугæдон Эсекибойы онг æвдисынц куыд Венесуэлæйы хай[1].

Гайанæйы Кооперативон Республикæ
Co-operative Republic of Guyana
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «One People, One Nation, One Destiny (Иу адæм, иу наци, иу хъысмæт)»
Гимн: «Dear Land of Guyana, of Rivers and Plains»
Официалон æвзаг англисаг
Сæйраг сахар Джорджтаун
Стырдæр сахартæ Джорджтаун, Нью-Амстердам
Хицауиуæджы хуыз Æрдæгпрезидентон республикæ
Территори
 • Æдæппæт 214 970 км²
 • Доны уæлцъары % 3,2
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 765 283 ад.
 • Æнгомад 9,2 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2004) 3450 млн. долл.
Валютæ Гайанæйы доллар
Интернет-домен .gy
Код ISO GY
ÆОК-ы код GUY
Телефонон код +592
Сахатон таг -4
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Истори

ивын

Гайанæйы зæхх ссардтой испайнаг денджызы цæуджытæ XV æнусы, фæлæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыди. Фæстæдæр Нидерландтæ æмæ Британийы импери ерыс кодтой бæстæ бацахсыныл, рамбылдтой бритайнæгтæ — 1814 азы бæстæ фæци сæ империйы дæлбар.

1834 азы, цагъайрад куы аивтой, негртæ сæкæры плантацитæй ацыдысты сæхи цард кæнынмæ. Цæмæй чидæр зæххы куыст дарддæр кæна, бритайнæгтæ байдыдтой Индийæ æзæхх мæгуыр адæм ласын. Уымæй Гайанæйы этникон сконд тынг фæхъулон и.

1966 азы 26 майы Гайанæ Стыр Британийæ хæдбар сси. 1970 азæй у республикæ, бритайнаг Нациты Æмхæлæрады уæнг.

1978-æм азы дуне Гайанæйы тыххæй базыдта æбуалгъ хабары фæдыл: иуахæмы ноябры джунглийы амардысты 918 адæймаджы, иууылдæр АИШ-ы гражданинтæ. Уыдон уыдысты советондзаст организаци «Адæмты аргъуан»-ы уæнгтæ. Иу версимæ гæсгæ уыдон иу бон сæ раздзог Джим Джонсы хъæппæрисæй банæзтой марг[2]. Уыцы дзыллон амарды æууæлтæ ныр дæр бæлвырдгонд не ’рцыдысты. Иуæй-иу комментатортæ æнхъæл сты, æмæ «Адæмты аргъуан»-ы посёлочы цæрджыты амардтой АИШ-ы сæрмагонд службæтæ[3]. Советон консул куыд радзырдта, афтæмæй организацийы уæнгты фæндыди Советон Цæдисы æрцæрын, фæлæ Уазал Хæсты заман уый уыдаид стыр скандал. Æцæгæй цы æрцыди уыцы бон, уый зын рабæрæг кæнæн ис.

Цæрджытæ

ивын
 
Гайанæйы æрыгæттæ Джорджтауны уынджы

Ныр цæрджыты 43,5 % сты индийæгтæ, 30,2 % — негртæ, 16,7 % — метистæ æмæ мулаттæ, 9,1 % — индейæгтæ (бындурон цæрджыты байзæддæгтæ), 0,4 % — æндæртæ (2002 азы сфыстмæ гæсгæ). Сæ динмæ гæсгæ дæр афтæ алыхуызон сты: ис дзы бирæ индуисттæ, чырыстæттæ æмæ пысылмæттæ. Гайанæ у Пысылмон Конференцийы цæстдарæг уæнг.

Йæ культурæмæ гæсгæ Гайанæ у Карибы денджызы англисагау дзурæг бæстæтæм (зæгъæм, Ямайкæ, Тринидад æмæ Тобаго) хæстæг. Бæстæйы цæрджытæ денджызмæ хæстæг районты цæрынц (уыдонæй æртыккаг хай — сæйраг сахары), мидæгон территоритæ та лæууынц æнæвнæлдæй, ис дзы хъæддаг царды æппæлинаг алыхуызонад.

Гайанæ у Хуссар Америкæйы иунæг паддзахад, мæлæты тæрхон кæм ма рахæссынц, ахæм. Гомосексуализм дзы фыдракæндыл нымад у æмæ, уымæй кæй фæзылын кæнынц, уыцы нæлгоймæгтæн рахæссынц цæрæнбонмæ ахæстоны фæбадыны тæрхон.

Экономикæ

ивын

2005 азы уæрæсейаг компани «Русский алюминий» байгом кодта Джорджтауны йæ къантор. 2006 азы та уыцы компани бынæттон хицауадимæ бадзырдта Гайанæйы бокситты къахæнтæ приватизацийы тыххæй бадзырд, уыцы бадзырдмæ гæсгæ къахæнты 90% байсдзæн уæрæсейаг компани.

 
Гайанæ Бразилиимæ чи сбæтдзæн, ахæм ног хиды арæзтад. 2008 азы къам

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. The Trail of Diplomacy - A Documentary History of the Guyana-Venezuela Border Issue by Dr.Odeen Ishmael http://www.guyana.org/features/trail_diplomacy.html
  2. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 21 январы. Архив 2009-æм азы 1 мартъийы.
  3. http://bey.livejournal.com/36599.html