Хабыцты Батырбеджы чызг Ларисæ (райгуырдис Дзæуджыхъæуы, 1950-æм азы 29 декабры[1]) у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы парламенты сæрдар, уыцы парламенты историйы фыццаг сылгоймаг сæрдар. Уый у Цæгат Ирыстоны Аив гимнастикæйы федерацийы сæргълæууæг дæр.

Хабыцты Ларисæ
Райгуырды датæ 1950-æм азы 29 декабры(1950-12-29) (73 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Архайды хуыз политик
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Почёта медаль «За трудовую доблесть» Кады Нысан орден Дружбы

Хабыцты Ларисæйы кандидатурæйыл схъæлæс кодтой 48 депутаты, уæды æмбырды цы 60 депутаты уыдысты, уыдонæй. Уæдмæ уый уыд парламенты иунæг сылгоймаг депутат[2].

Хабыцты Ларисæ каст фæци ЦИПУ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультет æмæ та кусын райдыдта 1973-æм азы Цæгат Ирыстоны медицинон училищейы англисаг æвзаг ахуыргæнæгæй. 1980-æм азы онг уый куыста Фæскомцæдисы оргæнты, стæй СЦКП-йы дæр[1]. Парламентмæ йæ куы равзæрстой, уый агъоммæ 1994-99 азты куыста коммерцион банк «Иронбанк»-ы директорæй[1].

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын