Хада у зайæгойы ном. Зайы хæхты донмæ æввахсдæр къæдзæхты нæудзартыл, уыртыл губакгай. Йæ сыфтæ сты гæзæмæ цыбыртæй минсыфон кæрдæджы æнгæстæ, æмæ уыдоны астæу рагуалдзæджы фæзынынц цъæх дидинджытæ, стæй — гагадыргътæ. Тагъд цæттæ кæнынц къухы æнгуылдзы асæй, æмæ хæрынмæ вæййынц адджын, донджын.

Литературæ ивын

  • Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1996. 204 ф.
  • Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат, 2012 — 392 ф.
  • Хъайттаты Сергей. Ирон хабæрттæ — 3-æм рауагъд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009 — 591 ф.