Хаханты Соломоны фырт Дудар (1921-æм азы 4 июлы, Цхинвал1995-æм азы 26 декабры), зындгонд ирон композитор æмæ æхсæнадон архайæг, Цæгат Ирыстоны, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт архайæг.

Дудар Хаханов
Райгуырды датæ 1921-æм азы 4 июлы(1921-07-04)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1995-æм азы 26 декабры(1995-12-26)[1] (74 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ Советон Цæдис Советон ЦæдисУæрæсе Уæрæсе
Професситæ дирижёр, композитор
Инструменттæ фортепиано[d] æмæ скърипкæ[d]
Жанртæ оперæ, опереттæ[d], балет[d], симфони[d], кантатæ[d] æмæ зарæг[d]
Хорзæхтæ
медаль «За трудовую доблесть» юбилейная медаль «50 лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майдан медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»
УСФСР-ы аивæдты сгуыхт архайæг Хетæгкаты Къостайы номыл преми

Цхинвалы музыкалон скъола каст фæцис, стæй 1940-æм азы бацыд Тбилисы консерваторимæ профессор О. Ледникы скърипкæйы къласмæ. Фæлæ дыууæ азы фæстæ йæ низы аххосæй фæстæмæ æрбаздæхтис Цхинвалмæ. Куыста Хуссар Ирыстоны драмон театры музыкалон хайады сæргълæууæгæй. Фыста спектакльтæн музыкæ.

Xаханты Дударæн йæ фыццаг композиторон куыст уыди, Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Амран» музыкалон æгъдауæй кæй сфæлгонц кодта, уый. Уый фæстæ арæхæй-арæхдæр фыссын райдыдта спектакльтæн музыкалон уацмыстæ.

Фæстæдæр йе ’нæниздзинад куы фæфидардæр, уæд та ногæй ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы консерваторимæ И. Тускияйы композицийы къласмæ. Каст æй фæцис æнтыстджынæй. Фæстæдæр æй æрбахуыдтой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны зарджыты æмæ кæфтыты ансамблы разамонæгæй. Уыцы рæстæг ныффыста зындгонд поэт Дзугаты Георгийы æмдзæвгæтæм гæсгæ зарджытæ «Салам Украинæйæн», «Чызгайæн», бакуыста адæмон зарджытæ «Дади» æмæ «Фыййауы зарæг»-ыл.

Дудар дарддæр куыста йæ музыкалон ахуырад бæрзонддæр кæныныл. Æнтыстджынæй каст фæцис Тбилисы консерваторийы аспирантурæ. Ам ахуыр кæнгæйæ ныффыста Дзугаты Георгийы ныхæстæм гæсгæ оратори «Адæмы зарæггæнæг» Хетæгкаты Къостайы райгуырды сæдæ азы бонмæ æмæ æндæр музыкалон уацмыстæ.

Хаханты Дударыл азтæ куыд цыд, афтæ рæзыдысты йæ сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ дæр. Йæ уацмыстæн ын стыр аргъ кодтой аивадуарзаг дзыллæтæ. Адæмы зæрдæтæм уæрæх фæндаг ссардтой, цы дæс симфонийы, оперæтæ «Ханты цагъд», «Æртытæ хæхты», «Кавказаг горлинка», фыццаг ирон балеттæ «Ацæмæз æмæ Агуындæ», «Хетæг» (ам Чабæханы фæлгонц зæрдæмæдзæугæ сарæзта ССР Цæдисы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæ), опереттæтæ, увертюрæтæ, инструменталон концерттæ, музыкæ драмон спектакльтæ æмæ кинонывтæн («Бега», «Иликъо», «Сидзæргæс», «Мастисджытæ», «Хæххон чызг», «Фыдæлты намыс», «Адæмы номæй», «Осетиснкая легенда», «Кафт») цы бирæ æндæр зарджытæ ныффыста, уыдон.

Хаханты Дудары уацмыстæ азæлыдысты канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Советон Цæдисы бирæ горæтты, крайты æмæ облæстыты. Дудары фыст музыкалон уацмысты тыххæй бирæ зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загътой æмæ йын хорз сфæлдыстадон ахастдзинæдтæ уыд номдзыд композитортæ В. Мураделиимæ, А. Новиковимæ, Т. Хренниковимæ, А. Хачатурянимæ, К. Караевимæ, Д. Шостакович æмæ иннæ хъуыстгонд композитортимæ.

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Dudar Solomonovich, Дудар Соломонович Chachanow // Musicalics (фр.)