Хацхартæ (уырыс. Хацхаровы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Ацы мыггаг равзæрд Æхсæуы Бузойты мыггагæй. Мыггаджы фыдæл уыд Бузойты Хацхар. Йæ лæджы кары Бузойтæй рахицæн æмæ йæ бинонтимæ æрцард Æхсæуы. Йæ мыггаг рауагъта йæхи номыл æмæ афтæмæй Æхсæуы фæзынд Хацхарты мыггаг. Хацхарæн йæ цæуæты нæмттæ ничи зоны. Къорд азты фæцардысты Æхсæуы, стæй алыгъдысты Туркмæ, абон дæр уым цæрынц. Фæлтæртæ дыууæрдыгæй дæр зонынц хæстæгдзинад æмæ хæстæджы æгъдау кæнынц кæрæдзийæн.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 123.