Хацыртæ кæнæ Хачиртæ (уырыс. Хачировы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Сæ мыггаджы фыдæл уыд Хъаитт. Цардысты Къумбулты. Къумбулты ракуырдта ус, бинонты хицау ссис æмæ йæ цоты схуыдта йæхи номæй. Хачырты хистæртæй иуæй-иутæ дзурынц, зæгъгæ, дам, Кæсæг-Балхъары цы Хачирты мыггаг цæры, уыдон Дыгургомæй алидзгæ сты. Раджы кæддæр Къумбулты хъæуæй иу лæг фæлыгъд Кæсæг-Балхъармæ, уым кæцыдæр хъæуы æрцард, ракуырдта ус, рацыд ын зæнæг. Дыгурон Хачиртæ æмæ Кæсæг-Балхъары Хачиртæ кæрæдзи хæстæгдзинад зонынц, абон дæр лымæн æмæ уарзонæй цæрынц. Ис ма Хачирты мыггаджы тыххæй иу хабар. Ацы хабар йæ къухфысты ныууагъта ахуыргонд Е.Г. Пчелина.[1] Пчелина фыссы, зæгъгæ, Хачырты мыггаг ис Хуссар Ирыстоны дæр, се ’рвадæлтыл сын нымайынц Туаты, Уалыты, Уæзæгты æмæ Задыты мыггæгты. Фæлæ кæд æмæ куыдæй æрбафтыдысты Хачыртæ Хуссар Ирыстонмæ, ацы мыггæгтимæ кæд бахæстæг сты, уый тыххæй Е.Г. Пчелина ницы фыссы. Дыгурон Хачирты мыггаджы хистæртæ дæр Хуссар Ирыстоны цæрæг Хачырты мыггаджы тыххæй ницы зонынц.[2]

Зындгонд адæм ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Кæс ЦИГИ архивы ф. 8, оп. 1, ед. 21.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 123-124 ф.