Химион иугонд
Химион иугонд[1], вариант: химикон баиу[2] — дыууæ кæнæ цалдæр элементы атомтæй конд кæмæн у, ахæм вазыгджын буаргъæд.
Классикон зонады хъуыдымæ гæсгæ материйы уæвынæн ис дыууæ физикон формæйы: буаргъæд æмæ быдыр. Буаргъæд у, æнцойады массæ кæмæн ис, материйы ахæм формæ. Æппæт буаргъæдтæ дæр сты корпускулæтæй (ома хайыгтæй) арæзт.
Хими сæйрагдæр иртасы, атомтæ, молекулæтæ, ионтæ æмæ радикалтæй арæзт чи у, уыцы буаргъæдтæ. Ранымад хайыгтæ та арæзт сты элементарон хайыгтæй: электронтæ, протонтæ, нейтронтæ æмæ æндæртæй.
Сыгъдæг буаргъæдты ’хсæн равзарæн ис хуымæтæг æмæ вазыгджын буаргъæдтæ. Фыццæгтæ арæзт сты иухуызон химион элементтæй. Дыккæгты сконды ис цалдæр химион элементы.
Хуымæтæг буаргъæдтæ нæй хæццæгæнæн æмбарынæдтæ «атом» æмæ «химион элемент»-имæ. Химион элемент у, йæ аппæн бæрæг æвæрццæг ифтыгъдæг кæмæн ис, ахæм атомты тип. Æппæт химион элементтæн ис сæрмагонд бынат (бæлвырд атомон номыримæ) Менделеевы элементты Периодон системæйы. Элементы фæткон номыры нысаниуæг æмæ уыцы элементы атомы аппы нысаниуæг сты æмхуызон, ома химион элемент у, иу фæткон номыр кæмæн ис, уыцы атомты æмдзыгуыр. Хуымæтæг буаргъæдтæ сты химион элементты хибарæй уæвыны формæ.
Алы элементæн (ифстагæй фæстæмæ) уайы цалдæр хуымæтæг буаргъæды (химион терминтæй: аллотропон формæйы). Уыцы хуымæтæг буаргъæдтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц се скондмæ гæсгæ (зæгъæм, атомон туаггуыр О, æнæуый туаггуыр О2 æмæ озон О3) кæнæ сæ кристаллон хызæджы арæзтмæ гæсгæ (зæгъæм, элемент æвзалыгуырæн (С) уайы дыууæ хуымæтæг буаргъæды: алмаси æмæ графит). Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæг буаргъæдтæ вæййынц иуатомон æмæ бирæатомон.
Вазыгджын буаргъæдтæн ис ма æндæр ном: химион иугæндтæ, уымæн æмæ ацы буаргъæдтæ фæзынынц хуымæтæг буаргъæдтæ химион реакцийы фæрцы куы баиу вæййынц, уæд.
Хуымæтæг буаргъæдтæ сты вазыгджын буаргъæдты химион реакцийы фæрцы уæнгтæ кæныны фæстаг формæтæ. Вазыгджын буаргъæдтæ, цы хуымæтæг буаргъæдтæй арæзт вæййынц, уыдоны миниуджытæ нæ бахъæхъхъæнынц (фесæфынц сæ).
Ныры заман æмбарынæдтæ «синтез» æмæ «анализ»-ы æвæрд ис уæрæхдæр мидис. Хъæугæ буаргъæд реакцион хæццæйæ рахицæнгæнæн куы уа, уæд æй кæй фæрцы самалгæнæн ис, уыцы цыфæнды химион процесс хуыйны синтез. Анализ у, буаргъæды (кæнæ буаргъæдты хæццæйы) хъæдон æмæ бæрцон сконд чи раиртасы, уыцы химион процесс. Хъæдон æмæ бæрцон анализтæ сты аналитикон химийы хæйттæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993 — 469 ф.
- ↑ Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ ; Уæрæсейы зонæдты академи ; Дзæуджыхъæуы зонадон центр ; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М. : Наука, 2007. I-æм том, 33 ф.