Хорватаг æвзаг

(Хорватагау-æй æрвыст)

Хорватаг æвзаг (hrvatski jezik) у хорватаг адæмы мадæлон æвзаг, Хорватийы паддзахадон æвзаг. Дзурынц ыл 6,2 милуан адæймаджы.

Хорватаг æвзаг
Хином hrvatski jezik
Бæстæтæ Хорвати, Босни æмæ Герцеговинæ, Серби, Черногори, Австри, Венгри, Итали, Румыни, Словаки, Словени, Чехи
Официалон статус

Хорвати Хорвати
Босни æмæ Герцеговинæ Босни æмæ Герцеговинæ

Серби Серби (Воеводинæ)
Дзурджыты нымæц 6,2 млн.
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Славяйнаг æвзæгтæ
Хуссайраг-славяйнаг къорд
Ныгуылæн дæлкъорд
Фыссынад латинаг алфавит (гаевицæ)
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 hr
ISO 639-2 hrv
ISO 639-3 hrv
Ethnologue hrv
ABS ASCL 3503
IETF hr
Glottolog croa1245
Википеди ацы æвзагыл

XX æнусы ма хуынди сербаг-хорватаг æвзаг, фæлæ Югославийы фехæлды рæстæг иу æвзаджы хæстæг диалекттæ политикон аххостæй схуыдтой сербаг, хорватаг æмæ босниаг æвзæгтæ.

Хорватаг куывдты æмбырдгонд (1380 - 1400)
Хорватаг закъæтты кодекс, 1288.

Нырыккон Хорватийы стынг и пуризм: паддзахады æххуысæй парахат кæнынц славяйнаг уидыгтæй арæзт ног дзырдтæ sveučilište «æппæтæн-ахуыргæнæндон» (университет, серб. универзитет), nogomet «къах-калгæ» (футбол/къахпорти, серб. фудбал) æмæ афтæ дарддæр. Хицæн хæдбар паддзахæдты дыууæ æвзаджы кæнынц дардæй-дарддæр.

Алфавит

ивын

Хорватаг алфавит («гаевицæ») арæзт у латинаг бындурыл, чехаг алфавиты хуызæн, ис дзы 27 дамгъæйы æмæ 3 диграфы (уыдон дамгъæтыл нымад сты, куыд ирон алфавиты дæр, афтæ).

Дамгъæ Хорватаг ном Дамгъæ Хорватаг ном Дамгъæ Хорватаг ном
A a а G g гэ O o о
B b бэ H h ха P p пэ
C c цэ I i и R r эр
Č č чэ J j й, йoт, йy S s эс
Ć ć че (мнеккэ) K k ка Š š эш
D d дэ L l эл T t тэ
Dž dž джэ Lj lj ле, эль U u у
Đ đ дже (мнеккэ) M m эм V v вэ
E e э N n эн Z z зэ
F f эф Nj nj не, энь Ž ž жэ
 
Хорватаг æвзаджы диалектты картæ
 
Кæм дзурынц хорватаг æвзагыл (2006-æм азы уавæр)

Сербаг æмæ хорватаг æвзаджы иухуызон чи не сты, цалдæр ахæм дзырды

ивын
Иронау Хорватагау Сербагау
Абарын Usporedba Поређење (Poređenje)
Европæ Europa Европа (Evropa)
Нидерландтæ Nizozemska Холандија (Holandija)
Италиæгтæ Talijani Италијани (Italijani)
Дуне Svemir Васиона (Vasiona)
Рагъ Kralježnica Кичма (Kičma)
Уæлдæф Zrak Ваздух (Vazduh)
Ахуыр Odgoj Васпитање (Vaspitanje)
Къуыри Tjedan Седмица (Sedmica)
Истори Povijest Историја (Istorija)
Хæлаф Hlače Панталоне (Pantalone)
Гуыбын Trbuh Стомак (Stomak)
Зонад Znanost Наука (Nauka)
Мæхæдæг, йæхæдæг... Osobno Лично (Lično)
Адæймаг Osoba Лице (Lice)
Иугонд Нацитæ Ujedinjeni Narodi Уједињене Нације (Ujedinjene Nacije)
Кæрдзын Kruh Хлеб (Hleb)
Аразгæ Umjetno Вештачки (Veštački)
Дзуар Križ Крст (Krst)
Демократи Demokracija Демократија (Demokratija)
Сакъадах Otok Острво (Ostrvo)
Афицер Časnik Официр (Oficir)
Дæргъ Duljina Дужина (Dužina)
Ассоциаци, æмбалад Udruga Удружење (Udruženje)
Фабрикæ Tvornica Фабрика (Fabrika)
Иумæйаг Opće Опште (Opšte)
Чырысти Krist Христoс (Hristos)
Бахатыр кæн Oprosti Извини (Izvini)
Мадæлон æвзаджы стандарт Materinski jezićni standard Матерњи језички стандард