Тедетæ
Тедетæ (уырыс. Тедеевы, гуырдз. თედეშვილი, თედიაშვილი, თედელური[1]) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
ивынТедеты Рюрикы радзырдмæ гæсгæ, раздæр Тедетæ цардысты Цæгат Иры, Тибы хъæуы. Тедетæ æмæ Биазыртæ нымад сты æцæг тугхæстæг æрвадæлтыл, Лалытæ та сын кæнгæ æрвадæлтæ сты. Тедетæ ма се ‘рвадæлтыл нымайынц Реуазты. Тедетæ Хъемултайы коммæ бафтыдысты Дзауы комыл æмæ æрцардысты Пацъайы доны ратæдзæны Ерцъойы хъæуы, стæй Сохты доны раз Дыргъджыны æмæ Котантойы, афтæ ма Едиаты æмæ Къорсеуы. Бафтыдысты Къахетмæ дæр (Гуырдзыстон).[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.