Хуызæг:Царциаты диссæгтæ
Цымыдисаг факттæ Ирон Википедийæ.
- 2021-æм азы Африкæйы хуыздæр сахарыл банымæдтой Найроби.
- Колумбийы ис вулкан Галерас, тынг арæх дзы æрцæуынц сирвæзтытæ. Афтæ 1993-æм азы, иртасæн куыстытæ æххæст гæнгæйæ, вулканы кратеры фæмард сты 6 геолоджы, йæ хуылфмæ куы ныххызтысты уæд райдыдта вулканы сирвæзт.
- Византийы императортæ æппæтæй дæр уæздан адæм нæ уыдысты, уымæн æмæ дзы уыдис фадат бынтæй фæндаг айгæрдын хицауадмæ, зæгъæм карьерæ саразгæйæ кæнæ æфсады хæстон кад бакусгæйæ. Афтæ зæгъæм император Михаил II уыдис æнæахуыр æххуырст, Василий I уыд зæхкусæг, уый фæстæ та бæхты æууæрдæг зынгæ стыр хицаумæ. Роман I Лакапин дæр уыдис зæхкусджытæй рацæуæг, Михаил IV император суыны размæ уыдис æхцатæ ивæг, йæ иу æфсымæры хуызон.
- Боливийы хох Чакалтаяйыл цы егъау æнусон цъити ис, уый иртæстытæм гæсгæ сæвзæрдис 18 милуан азы размæ. Афтæмæй боныхъæды ивды тыххæй дзы 1980-æм азæй фæхъуыдис 80 %, 2010 азы кæронмæ та хъуамæ бынтондæр фесæфа.