Википеди:Царциаты диссæгтæ/Архив
- Стамбулы стадионтæй иу хæссы Турчы архайгæ президенты ном.
- Фыццаг дунеон хæсты Османты импери куы фæхæрд ис, уæд æй Севры фидыдмæ гæсгæ (1920-æм азы 10 августы) ныддихтæ кæнын снысан кодтой, афтæ сахар Измир хъуамæ бахаудаид Грекъмæ. Фæлæ бæстæтæ ацы бадзырд ратификаци кæй не скодтой, уымæ гæсгæ идейæ æххæстгонд не ’рцыдис. Бердзенæгтæ уæддæр бацахстой ацы сахар, фæлæ Мустафа Кемалы æфсæдтæй сырд æрцыдысты, æмæ фæстæдæр сæвзæрыд Турчы республикæ.
- 2007-æм азы чилиаг спортсмен Гонсало Браво сарæхстис модификацигонд хæдтулгæ Судзуки Самурайыл (Suzuki SJ) вулкан Охос-дель-Саладойы фахсыл схизын 6688 м, æмæ афтæмæй сæвæрдта дунеон рекорд.
- Æмбисонды Хъарсы фидар, ирон дзургæ сфæлдыстады арæх чи æмбæлы, уыдис Уæрæсейы империйы сконды 1878-æм азæй 1920-æм азы онг.
- Эрнесто Че Геварайы фыдæлтæй иу уыдис Перуйы вице-къарол.
- Испайнæгтæ сæ нæмтты фыссынц, æрмæст фыды мыггаг нæ, фæлæ мады мыггаг дæр.
- Никарагуæйы фæстаг диктатор йæ бæстæйæ атахтис АИШ-мæ хæдтæхæгыл, фæлæ йæ мæлæт ссардта Парагвайы.